Хуытъиатæ кæнæ Хуытъитæ (уырыс. Хутиевы) сты туаллаг ирон мыггаг.

Равзæрд

ивын

Ацы мыггаг раздæр цард Куырттаты комы. Уым дыууæ æфсымæрæй иу — Асланбег, кæимæдæр фæтуджджын ис, уымæ гæсгæ дыууæ æфсымæры дæр Куырттаты комæй балыгъдысты Дыгургоммæ. Сæ иу Хæнæзыхъæуы æрцард, иннæ æфсымæр та Сындзыхъæуы. Ам йæ мыггаг схуыдта Хуытъитæй. Хуытъиатæ æмæ Хуытъитæ сты иу мыггаг. Хæнæзы Хуытъиаты мыггагæй ничиуал цæры. Фалыгъдысты чи — Дур-Дурмæ, чи Мæздæджы районмæ, чи Сырх Дыгурмæ.[1]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.

Литературæ

ивын
  • Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон ирон мыггагон нæмтты тыххæй. Ирон мыггæгты иууон номхыгъд