Хъæбæлотæ (уырыс. Кабалоевы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд ивын

Сæ мыггаджы фыдæл — Аурун. Алантæй равзæргæ лæгæн уыд фырт Аурун, уымæн та — Хадраки, уый 1580 азы Гуырдзыйæ æрбалыгъд Стыр Дыгурмæ. Уым ын райгуырд фырт — Адас. Адасæн та уыд дыууæ фырты: Тедто æмæ Хъантемыр. Хъантемыр йе ’фсымæрæй рахицæн, уыди йын фырт Гадзау æмæ, дам, Гадзауты мыггаг уый номæй равзæрдис, Адасы иннæ фырт Тедто та ракуырдта Стыр Дыгуры Хæмыцаты чызджы. Уымæй Тедтойæн райгуырд цыппар фырты: Хъæбола, Бийазæр, Кудзе, Дзаку. Ацы æфсымæртæ куы слæгтæ сты, уæд сæ мыггæгтæ ныффыстой Хъæбæлотæй. Хъæбæло йæ цæрæнбынат Стыр Дыгурæй раивта Лезгормæ, Кудзе фæлыгъд Мæздæгмæ, Бийазæр баззад Стыр Дыгуры, Дзакуйы фырт Хъулишхъо та фæлыгъд Кæсæгмæ — Ерохъыхъæумæ. Сæ цæуæт иууылдæр сæхи фыссынц Хъæбæлоты мыггагыл. Хъæбæлотæ сыгъдæг гуырдзиаг мыггаг сты. Аурун гуырдзиаг уыд.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — Ф. 175.