Гуырдзыстон
Гуырдзыстон кæнæ Гуырдзы (гуырдз. საქართველო [sakʰartʰʷelo]) у Кавказы æрдæгпрезидентон республикæ. Йæ конституцимæ гæсгæ цы зæххытæ хъуамæ ахса, уыдон цæгаты æмарæн сты Уæрæсеимæ, скæсæны Азербайджанимæ, хуссары Сомихимæ æмæ Туркимæ æмæ ныгуылæны та сын ис Сау денджызмæ ахизæн. Фæлæ уыцы зæххытæй Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз кæм сты, уыдонмæ йæ арм нæ дары. Хуссар Ирыстон ис Гуырдзыстоны сидт зæххыты астæуæй, Уæрæсейы æрдыгæй. Абхаз та ис йæ сидт зæххыты ныгуылæнæрдыгæй. Гуырдзыстоны хицауады сæйраг сахар у Тбилис (Калак), кæцы, иу милуанæй фылдæр цæрæгимæ, у бæстæйы стырдæр сахар. Йæ закъондæддæг тыхты сахар та у Кутаис. Гуырдзыстоны сидт зæххыты фæзуат у 69 700 квадратон километр, кæдонæй армдард сты 57 200[1]. Цæры дзы 4,5 милуан адæймаджы. Кæд географион æгъдауæй Гуырдзыстоны фылдæр хай Азимæ хауы, уæддæр культурон, экономикон æмæ политикон æгъдауæй Европæмæ арæх цæуы хаст. Гуырдзыстон тырны НАТО æмæ ЕЦ-ы уæнг суын.
Гуырдзыстон | |||||
---|---|---|---|---|---|
საქართველო | |||||
| |||||
Девиз: «ძალა ერთობაშია» «Тых у иудзинады» |
|||||
Гимн: «თავისუფლება» «Сæрибар» |
|||||
Официалон æвзаг | гуырдзиаг | ||||
Сæйраг сахар | Тбилис (Калак) | ||||
Стырдæр сахартæ | Тбилис (Калак), Кутаис, Батум | ||||
Хицауиуæджы хуыз | Президентон республикæ | ||||
Президент | Саломе Зурабишвили | ||||
Премьер-министр | Мамука Бахтадзе | ||||
Парламенты спикер | Арчил Талаквадзе | ||||
Территори | |||||
• Æдæппæт | 69 700 км² | ||||
Цæрджытæ | |||||
• Бахыгъд (2018) | ▲ 3 825 600 ад. | ||||
• Сфыст (2014) | 3 713 804 ад. | ||||
• Æнгомад | 65 ад./км² | ||||
ÆМП | |||||
• Æдæппæт (2014) | 37,209 млрд. долл. | ||||
Валютæ | лари | ||||
Интернет-домен | .ge | ||||
Код ISO | GE | ||||
ÆОК-ы код | GEO | ||||
Телефонон код | +995 | ||||
Сахатон таг | +4 | ||||
Бæстæйы у декретон рæстæг | |||||
Викикъæбицы медиа |
1991-æм азы онг — Советон Цæдисы Гуырдзыстоны Советон Социалистон Республикæ.
Бæстæйы президент у Саломе Зурабишвили.
Географи
ивынГуырдзыстон бынат кæны Фæскавказы. Бæстæйы фæзуат у 69 700 км² (Абхаз æмæ Хуссар Ирыстон дæр нымайгæйæ). Гуырдзыстоны ис цалдæр стыргомау цæугæдоны — Къуар, Ингур, Рион æмæ æндæртæ.
-
Гуырдзыстон космосæй
Истори
ивын1800-æм азы уæды Гуырдзыстоны бæстæтæй иу барвæндонæй бацыдис Уæрæсейы империйы скондмæ. 1810-æм азы Имерет дæр бацæуын кодтой Уæрæсемæ. Гуырдзиаг зæххытæ баиу сты, фæлæ гуырдзиаг паддзахад ууыл фæци.
Фæстæдæр, Уæрæсейы революци куы æрцыдис, Гуырдзыстон расидти хæдбардзинад, цалынмæ Сырх Æфсад йæ нæ бакодта социалистон паддзахады скондмæ.
Дин
ивынГуырдзыстоны цæрджыты фылдæр хай сты растуырнæг чырыстæттæ.
Административон дих
ивынАдминистративон æгъдауæй Гуырдзыстоны сконд у ахæм:
- Автономон республикæтæ: Ачъар æмæ Абхаз.
- Провинцитæ (гуырдз. მხარე, [мхаре]): Гури, Имерет, Къахет, Дæллаг Картли, Цхета-Мтианет, Рацъ-Лечхум æмæ Дæллаг Сари, Мегрели æмæ Уæллаг Сари, Самцхе-Джавахет, Мидæггаг Картли
- Сæрмагонд статусы сахар: Тбилис (Калак).
Уыдонæй Абхаз у, йæ хæдбардзинад ын дыууæ паддзахады кæмæн банымадтой, ахæм ног паддзахад. Уыцы дихмæ гæсгæ Имерет, Цхета-Мтианети, Рацъ-Лечхум æмæ Дæллаг Сари æмæ Мидæггаг Картлимæ цы зæххытæ хауынц, уыдоныл лæууы æндæр ахæм паддзахад — Хуссар Ирыстон.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Æнæ Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонæй.