Хъæлицтæ
Хъæлицтæ кæнæ Хъæлыцтæ (уырыс. Калицовы, Калицевы) сты дыгурон мыггаг.
Истори
ивынТаурæгъмæ гæсгæ, раджы кæддæр Бызы хъæуы цæрæг Албæкаты Албæгæн райгуырд æртæ фырты: Гури (Горо), Хъæлыц æмæ Созыр. Созыры, дам, сæ хъæуккаг Хæмæтатæй иу лæг амардта. Хъæлыц уыцы рæстæджы уыд балцы. Куы рыздæхт, уæд Хæмæтатæй фондз лæджы амардта: туджджынты цыппар æфсымæры æмæ уыдонæн сæ фыды. Уый адыл Хъæлыц Куырттаты комæй фæлыгъд Дыгургомæ æмæ æрцардис Задæлескы. Уыд ын фырт Гизо æмæ иу чызг. Гизойæн йæ цæуæт уыдысты — Текъо, Цагъа æмæ Гæма. Гæмайæн уыд иунæг чызг æмæ йæ чындзы радтой сæхи хъæуккагмæ, фæлæ йæ лæг амард, баззад ын иунæг лæппу — Самур. Мад йæ фыртимæ хицæн хæдзарæй цардысты Задæлескы хъæуы. Хъæуы адæм, сыхæгтæ сæм дзырдтой мады мыггаджы номæй, Гæмаон, зæгъгæ, афтæмæй мады номæй рауади сæ мыггаг.
Гизойы фырты фырт Басилæн уыди фырт Æндре. Æндре фæстагмæ йæхи номæй скодта мыггаг, æмæ Задæлескы фæзынд мыггаг — Æндретæ.
Цагъайæн дæр Задалескы фæзынд цæуæт æмæ цæуæты цæуæт, йæ мыггаг йæхи номæй схуыдта — Цагъатæ. Афтæ — Текъа дæр. Йæ мыггаг йæхи номæй скодта — Текъатæ.
Литературæ
ивын- Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 175–176.
- Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 137.
- Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 97–100.