Быз
Быз (уырыс. Биз) у Цæгат Ирыстоны Алагиры районы хъæу. Ис Уæлладжыргомы. Йæ цæрджытæн сæ фылдæр уыдысты Цъамадæй æрлидзæг æмæ сæхи хуыдтой Сидæмонтæй.[2]
Хъæу
Быз
|
Бызы зæронд раны ном у Æддаг хъæу кæнæ Зæронд хъæу, ног раны ном та Æргъайтæ.[3]
Хъæумæ хæстæг ис Саубарæджы дзуар, адæймаджы къах кæдæм нæ хæццæ кæны, ахæм лæгæты. Саубарæг у къæрныхты æмæ абырджыты бардуаг.[4]
Бызы комкоммæ Æрыдоны доны рахиз былыл, рагон фæндаг кæуылты цыди, уым къæдзæхы рындзыл нырма лæууы Чъырамад.[2]
МыггæгтæИвын
Бызы цардысты Уырымтæ, Кæсæбитæ, Пагæтæ, Тотыккатæ, Гозымтæ, Фардзинтæ, Бутатæ, Дудиатæ.[5]
ФиппаинæгтæИвын
- ↑ Том 1. Численность и размещение населения. Таблица 10
- ↑ 2,0 2,1 Хозиты Федыр. Уæлладжыры комыл — Туалтæм. Дзæуджыхъæу: Ир, 1999
- ↑ Цагъаты Анастасия. Цæгат Ирыстоны топоними. 1975
- ↑ Ирон æгъдæуттæ. Чиныг сарæзта Агънаты Гæстæн: Рецензенттæ Ходы Камал æмæ Чеджемты Геор. — Дзæуджыхъæу: Урсдон, 1999.
- ↑ Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 248 ф.