Хъазахтæ (уырыс. Казаховы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд ивын

Цæрынц Мæхческы, сæ сыхæгтæ сты Дзанкистæ. Ацы дыууæ мыггаджы цæрынц иу сыхы. Хъазахтæ ацы сыхмæ куыд æрбафтыдысты, уый тыххæй ис дыууæ таурæгъы. Фыццаг таурæгъ радзырдта 92-аздзыд Мæхческы хъæуккаг Хъазахты Санге. Раджы кæддæр, дам, Мæхческы хъæумæ æрбафтыд Гæнуатæй иу лæг. Махческыхъæумæ хæстæг Ирæфы галиу фарс æрцард. Уыдис ын цыппар фырты: Дзанкис, Саукуыдз, Сæууай æмæ Темир, стæй иу чызг Гурмехан. Семæ ма цард лæппу, йæ ном Хъазах, уый сæ фыд æрбахуыдта Асыйæ, æмæ цард, куыд бинонты уæнг. Ацы таурæгъ ма æндæр хуызы радзырдта Махческы цæрæг Секъинаты Таймураз. Уыцы таурæгъмæ гæсгæ, лæппу уыд Дзанкисы фырт. Гæнуатæ æнгом бинонтæй цардысты, фæлæ сыл æрцыд стыр бæллæх. Æфсымæртæй иу цуаны, æвæндонæй амардта сæ хъæуккаг Абысалтæй иу лæджы. Абысалтæ куы базыдтой, сæ лæг барæй мард не ’рцыд, уæд сæ туг исыныл не схæцыдысты, фæлæ загътой сæ туджджынтæн, цæмæй сæ цæрæнбынат аивой. Цы гæнæн ма уыд Гæнуаты æфсымæртæн. Байуæрстой фæйнæрдæм: Темыратæ, Саукуйтæ æмæ СæууойтæФæрæскъæттæм, Дзанкистæ æмæ Хъазахтæ та ныры Хъазахты сыхмæ. Дзанкистæ фæстæдæр фæлыгъдысты Дур-Дурмæ. Хъазахтæн ам хæдзæрттæ сарæзтой æртæ гуырдзиаг лæджы, Дзапаридзеты мыггагæй. Адон Дыгурмæ æрбафтыдысты Сарийæ (Гуырдзыстон). Ацы æфсымæртæй иу уыд Махческы цæрæг Митдзиты мыггаджы фыдæл (Лалойы фыд).[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.