Хъаиртæ
Хъаиртæ[1] кæнæ Хъайыртæ[2] (уырыс. Каировы) сты ирон мыггаг.
Истори
ивынХъаиртæ цардысты Уæлладжыры комы, Садонмæ хæстæг, Куырæйтты хъæуы. Иуахæмы Хъаирты лæджы къухæй фæмард сæ хъæуккаг лæг. Уый уыд Хъайтыхътæй. Хъайтыхътæ сæ туг исын сфæнд кодтой. Хъаирты Титт йæ цыппар фыртимæ ралыгъди Дыгуры коммæ, Стыр Дыгурмæ. Фæлæ сæ Хъайтыхътæ ам дæр ссардтой. Хæст самадтой, уым та Хъайтыхътæй иу лæг фæмард. Хъаирты Титты цыппар фырты хуындысты: Аго, Цъеу, Бурахъ æмæ Кит. Æфсымæртæ алыгъдысты Доныфарсмæ, устытæ ракуырдтой æмæ сын рацыд цæуæт. Бирæтæ сæ ралыгъд Цыколамæ, Хæзныдонмæ, Лескенмæ.
Фиппаинæгтæ
ивынЛитературæ
ивын- Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 172.
- Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 134.
- Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 237–238.