Хъантемыраты Алихан

Хъантемыраты Гæдойы фырт Алихан (райгуырдис 1889-æм азы Хъæрæгъæсы — амардис 1963-æм азы 16 апрелы Мюнхены) уыдис паддзахадон æмæ æхсæнадон архайæг.

Хъантемыраты Гæдойы фырт Алихан
Райгуырды датæ 1886-æм азы 9 майы(1886-05-09)
Райгуырæны бынат Хъæрæгъæс, Терчы облæст
Мæлæты датæ 1963-æм азы 16 апрелы(1963-04-16) (76 азы)
Мæлæты бынат
Бæстæ
Архайды хуыз политик, дипломат
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Цардафыст

ивын

Фæцис каст Бетъырбухы университеты юридикон хайад. Куыста Азербайджаны фыццаг национ хицауады. 1921 азы фæстæ алыгъди Туркмæ.

Куыста Анкара æмæ Стамбулы, Кавказæй рацæуæг адæмы иудзинады фарстатыл.

1934 азы йæ бахъуди Германмæ ралидзын. Уым сси «Цæгат-Кавказаг комитеты» бындурæвæрджытæй иу.

1954 азæй фæстæмæ куыста Мюнхены, журнал «Елмелджелейы» (Elmecele) сæйраг редакторæй. Уыцы журнал мыхуыры уагъта Советтон Цæдисы адæмты институт, уырыссагау, туркагау æмæ англисагау.

Хъантемыраты Алихан амарди æмæ ныгæд æрцыди Мюнхены[1].

Фиппаинæгтæ

ивын