Хъобаны Адæмон Республикæ

Хъобаны Адæмон Республикæ (уырыс. Кубанская народная республика; 1918-æм азы 4 декабрæй — Хъобаны край, уырыс. Кубанский край) уыд паддзахад раздæры Хъобаны облæст æмæ Хъобаны хъазахъхъаг æфсады зæххытыл, кæцы фæзындис Уæрæсейы империйы фехæлды фæстæ. Мидхæсты фæстиуæгæн паддзаха фехæлдис æмæ Советон Уæрæсейы хай баци.

Æнæбанымад паддзахад
Хъобаны Адæмон Республикæ
укр. Кубанська народна республіка
Тырыса Герб
Тырыса Герб
 
 

Сæйраг сахар Екатеринодар
Стырдæр сахартæ Екатеринодар, Сочи, Новороссийск, Майкъоп, Ейск, Анапæ
Æвзаг уырыссаг, украинаг
Официалон æвзаг уырыссаг
Хицауиуæджы хуыз парламентон республикæ[d]
Хотыхджын тыхтæ Хъобаны Адæмон Республикæ Хъобаны хъазахъхъы æфсад
Паддзахады хицаутæ
Атаман
 • 19181919 Александр Филимонов
 • 1919 Николай Успенский
 • 1920 Николай Букретов
Хъобаны радæйы сæрдар
 • 19171918 Лука Быч
 • 19181919 Филипп Сушков
 • 1919 Павел Курганский
 • 19191920 Филипп Сушков
 • 1920 Василий Иванис
Алгонд
← Хъобаны облæст
Хъобан æмæ Сау денджызы облæст →
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Республикæйы закъондæттæг оргæнтæ уыдысты Хъобаны крайы радæ æмæ Хъобаны закъондæттæг радæ.

Æххæстгæнæг хицауады сæргъы уыдис сæйраг атаман, уый дæр сæйраг къамандыгæнæг уыдис. Æвзæрстой йæ Край радæйы уæнгтæ 4 азы æмгъуыдмæ. Хицауады уæнгты нысан кодта сæйраг атаман.

Республикæйы дыууæ хъомысджындæр политикон тыхы уыдысты «сауденджызонтæ» (уырыс. черноморцы) æмæ «хаххонтæ» (уырыс. линейцы). Сауденджызонты хъомыс æмæ мулк фылдæр уыдис, уыдон лæууыдысты фередалистон позицитыл, уыдонæй иуæй-иуы фæндыд Хъобан Украинæимæ баиу кæнын. Хаххонтæ та уыдысты, уырыссагау чи дзырдтой, уыцы хъазахъхъæй æмæ сæ хъуыдымæ гæсгæ Хъобан хъуамæ иугонд Уæрæсейы скондмæ раздæхтаид.

Хаххонты фарс лæууыдысты хъобайнаг афицертæй бирæтæ, æххуыс сын кодта Хуссар Уæрæсейы гæрзифтонг тыхтæ дæр (ВСЮР). Хаххонтæ æмæ сауденджызонты ’хсæн тохы аххосæй республикæйы цыбыр царды дæргъы атаманы бынаты уыдис æртæ адæймаджы, хицауады сæрдары бынаты та — цыппар (Лука Быч, Филипп Сушков, Павел Курганский, Василий Иванис).

Крайæн йæ экономикæ фидар уыдис. Кæд æмæ транспорт афтæ хорз нæ куыста, уæддæр Хъобан уыдис фронтæй дарддæр, уыдис ын цалдæр порты, цы мæнæу сагътой, уыдонæй уæй кæнгæйæ хорз æфтиаг-иу райстой[1].

Хъобан æмæ Сау денджызы былгæрон УСФСР-мæ бацыдис куыд Хъобан æмæ Сау денджызы облæст. Хъазахъхъæгты иуæй-иу балтæ ма ныхкъуырд лæвæрдтой советон тыхтæн 1925-æм азы онг.

Хицаутæ

ивын
Атаман
Ном Кæдæй Кæдмæ
1 Александр Филимонов январь 1918 май 1919
2 Николай Успенский † 1919 11 ноябры 1919 17 декабры
3 Николай Букретов январь 1920 мартъи 1920
Хъобаны радæйы сæрдар
Ном Кæдæй Кæдмæ
1 Лука Быч 1917 1 ноябры 1918 31 декабры
2 Филипп Сушков 1918 31 декабры 1919 19 майы
Даниил Скобцов 1919 19 майы 1919 25 майы
3 Павел Курганский 1919 25 майы 1919 11 декабры
4 Филипп Сушков 1919 11 декабры 1920 18 январы
5 Василий Иванис 1920 18 январы 1920 мартъи

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. А.А. Зайцев. Кубанское краевое правительство в годы революции и Гражданской войны на Кубани в 1917-1920(недоступная ссылка). Официальный сайт Кубанского казачьего войска. Датæ: 2015-æм азы 5 июны. Архив 2015-æм азы 5 июны.