Ана́пæ (уырыс. Анапа) у курортон сахар Уæрæсейы Краснодары крайы Сау денджызы былгæрон. Цæрынц дзы 75,4 мин адæймаджы (2017), сæ нымæц рæзы.

Сахар
Анапæ
уырыс. Анапа
Тырыса Герб
Тырыса Герб
44°53′40″ с. ш. 37°19′00″ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Краснодары край
Истори æмæ географи
Бындурæвæрд 1781
Сахар кæдæй 1846
Фæзуат 58,98 км²
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 88 879[1] адæймаджы (2020)
Национ сконд уырыссæгтæ, сомихæгтæ, украинæгтæ
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +7 86133
Посты индекс 353440–353458
anapa-official.ru(уырыс.)
Анапæ (Уæрæсе)
Анапæ (Краснодары край)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Анапæ у климатологон æмæ бальнеологон курорт, зындгонд у куыд сывæллæтты дзæбæхгæнæн.

2011-æм азы сахар райста «Хæстон намысы сахар»-ы кадджын ном.

Географи ивын

Анапæ æрбынат кодта Краснодары крайы ныгуылæны, Сау денджызы былгæрон. Мæскуыйæ у 1500 км дард, Краснодарæй — 190 км, Сочийæ — 360 км. Анапæ лæууы Стыр Кавказ æмæ Таманы æрдæгсакъадахы ’хсæн.

Сæрдыгон рæстæг денджызæй æрбацæугæ дымгæ фенцондæр кæны бынæттон цæрджыты цард. Анапæйы змисджын пляж у æппæт Уæрæсейы зындгонд, тæнæг дон хорз схъарм вæййы, йæ температурæ схизы 25 °C онг. Зымæг вæййы асæст, фæлæ хъарм, иуæй-иу хатт уазал дæр вæййы[2].

Сахары ууылты цæуы Анапкæйы дон æмæ Сау денджызмæ бакæлы.

Анапæмæ хæстæг Кавказы хæхтæ бæрзонд не сты, 200 метрæй ныллæгдæр (уый тыххæй дымгæ хæрдмæ не схизы æмæ къавдатæ нæ цæуынц, уымæй бæстыхъæд у хус, зæххастæуденджызон типы). Хæхтæ сты хъæдæй æмбæрзт.

Истори ивын

Анапæйы бынаты рагзаманы цардысты синдаг адæм, сæ сахар хуындис Синдикæ. Боспоры паддзахадмæ куы бацыдис, уæд æндæр номæй сси хъуыстгонд — Горгиппи, зæгъгæ. Горгиппийæн йæ хуыздæр заман уыдис III æнусы онг, фæстæдæр варварты къухæй дæрæнгонд æрцыдис.

XIV æнусы Анапæйы бынаты фæзындис генуэзаг колони Мапа. Генуйæгтæ дзы сарæзтой фидар гæнæх, уый ссарæн ис йæ рæстæджы географион картæтыл.

1395-æм азы Тамерлан абалц кодта Тохтамышы ныхмæ, фидармæ цур цы цæрæнран уыдис, уый дæр фехæлдта.[3].

1475-æм азы, султан Мехмед II Тыхгæнæг Османты империйы æлдæриуæг куы кодта, Кафæмæ цæуæг Гедик Ахмед-пашайы æфсад байста Анапæйы фидар дæр æмæ дзы ныууагъта туркæгты гарнизон[4].

1641-æм азы туркаг фыссæг Эвлия Челеби бабæрæг кодта Анапæ æмæ йæ цыбыр афыст ныууагъта. Куыд фыста, афтæмæй Анапæйы фидар лæууы бæрзонд бынаты, фæлæ гарнизон дзы кæй нæ уыд, уый аххосæй цалдæр хаты стыгъд æрцыдис Доны хъазахъхъæй. Анапæйы наулæууæн стауы, Челебимæ гæсгæ 1000 науы дзы сæвæрæн ис æдасæй. Фидары алфамбылай цы адæм цæры, уыдон хоны шефаки — уыдон, дам, бирæ не сты, фæлæ хъалон фидынц æрмæстдæр тыхæй æмæ аразынц змæстытæ. Челебийы хъуыдымæ гæсгæ, фидары гарнизон фаг куы уа, уæд паддзахады бон уаид черкесæгты уисæны дарын[5].

Историк Ф. К. Бруны хъуыдымæ гæсгæ черкесаг знæм шегаки (хегайки) сахар байсыны агъоммæ чырыстон уыдис, уымæн æвдисæн сты туркаг фыссæг Хаджа-Хальфайы ныхæстæ, уый фыста шегаки, дам, йæ рæстæджы онг (XVII æнусы) чырыстон диныл хаст уыдысты.

Анапæ уыдис цагъайрæгтæ уæй кæныны æртдзæст, суанг мæ XIX æнусы дæр фембæлæн дзы уыдис уырыссаг уацайрæгтыл[6].

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг курорт бынтон дæрæн æрцыдис.

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Оценка численность населения на 1 января 2020 года по муниципальным образованиям Краснодарского края. Датæ: 2020-æм азы 16 апрелы.
  2. Погода и Климат — Климатический монитор: погода в Анапе. Температура воздуха и осадки. Январь 2006 г.
  3. Черкесæгты бæстæ уыцы рæстæг стыгъд баци Тамерланы æфсадæй. «Cherefeddin Ali „Histore de Timur-bec. Trad. en francais par Petis de la Croix“, Paris, 1772, t. II, p. 366—367.»
  4. .(«Записки Одесск. Общ. Ист. и Др.», т. IX, отд. III, стр. 410—428).
  5. «Записки Одес. Общ. Ист. и Древн.», т. IX, стр. 182—183.
  6. Gamba «Voyage dans la Russie meridionale», Paris, 1826, I, p. 60.