Хъойбайтæ[1] (уырыс. Койбаевы) сты дыгурон мыггаг.

Таурæгътæм гæсгæ, Мæстинокы хъæуы цæрæг Хъойбайтæн сæ фыдæл æрбафтыд Дыгуры коммæ Асыйæ. Хъойбай фыццаг цард Доныфарсы зылды, Лезгоры. Уым ус ракуырдта, йæ мыггаг йæхи номыл скодта — Хъойбайтæ, зæгъгæ. Райгуырд ын дыууæ фыртты: Гулу æмæ Огъуллар. Лезгорæй алыгъдысты Мæстинокмæ.[2]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005 — 359 ф.
  2. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372с.