Хъотайты Алан
Хъотайты Шотайы фырт Алан (райгуырдис Монастъеры[1] 1973-æм азы 15 мартъийы) у Цхинвалы мэры фыццаг хæдивæг.
2011-æм азы уыдис Хуссар Ирыстоны президенты бынатмæ кандидаттæй иу æмæ æвзæрстыты фæстиуæгæн райста цыппæрæм бынат. Æвзæрстыты дыккаг туры Бибылты Анатолийы фарс слæууыд[2].
Цардафыст
ивынХъотайты Алан райгуырдис Монастъеры (Цхинвалы районы). Йæ фыд, Хъотайты Иваны фырт Шота — агроном; мад, Хасситы Георгийы чызг Залдуз — хæдзаргæс. Æфсымæртæ: Хъотайты Олег; Хъотайты Аслан — ОМОН МВД РФО-йы батальоны командиры хæдивæг, дæлбулкъон; Хъотайты Беслан — ОМОН МВД РФО-йы оперативон радгæс, капитан; Хъотайты Сослан — ОМОН МВД РФО-йы ротæйы командиры хæдивæг, хистæр летейнант; Хъотайты Руслан — РФО-йы Арæнгæрон службæйы инспектор, хистæр летейнант.
1979 азæй 1989 азмæ ахуыр кодта Цхинвалы æнæркаст сывæллæтты æмæ сидзæр сывæллæтты скъола-интернаты.
Каст фæци ХИПИ-йы филологон факультет 1994-æм азы. Зоны ирон, уырыссаг æмæ гуырдзиаг æвзæгтæ.
1994-1995 азты куыста ахуыргæнæгæй Цхинвалы скъола-интернаты.
1996 азы — Цхинвалы сахары Адæмон депутаты цæдисы депутат.
1996-2002 азты куыста Хуссар Ирыстоны дзулфыцæн комбинаты.
2002 азæй нырмæ горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг, апрелы мæйы 2008 азæй Республикæ Хуссар Ирыстоны уагæвæрдмæ гæсгæ нысангонд æрцыд ацы бынатмæ.
2004 азæй — Хуссар Ирыстоны Республикон политикон партии «Иудзинад»-ы уæнг. Хуссар Ирыстоны адæмы тохы сæрибар æмæ хæдбардзинады охыл кæддæриддæр Хъотайты лæппу уыд йæ райгурæн бæстæйы хъахъхъæнджыты фыццаг рæгъты. 2005 азы йæхи æнæбавгъаукæнгæ райгуырæн бæстыйы сæрвæлтау архайды тыххæй Республикæйы Президенты бардзырдæй Хъотайты Алан Шотайы фырт хорзæхджынгонд æрцыд «В ознаменовании 15-летия Республики Южная Осетия»-йы майданæй.
Хъотайты Шотайы фырт Аланæн ис бинойнаг. Хъомыл кæны чызг æмæ лæппуйы.
Æддаг æрмæг
ивын- Хъотайты Аланы программæ (уырыс.)