Хъызылбаштæ, кызылбаштæ (тюркагау амоны «сырхсæр», азерб. Qızılbaş, перс. قزلباش Qizilbāsh, тур. Kızılbaş) — XV—XVI æнусты Иран, Анатоли æмæ Азербайджаны чи хатти, ахæм тюркаг цæугæцардгæнæг знæмты иугонд. Кæд сæ фылдæр тюркагау дзурæг адæм уыдысты, уыдоны ’хсæн уыд æндæр адæмты минæвæрттæ дæр — талышæгтæ, лурæгтæ, курдæгтæ æмæ æндæртæ.

Хъызылбаш

Хъызылбаштæ, шииттæ уæвгæйæ, 12 шиитон имамы мысынæн дардтой, 12 рæдæнг таджы кæуыл уыди, ахæм сарыхътæ (сырхсæртæ, зæгъгæ, дæр сæ уый охыл схуыдтой). Уыди ма сын ахæм кæнон: дастой сæ сæртæ æмæ зачъетæ, æнæдастæй айдагъ бецыкк æмæ даргъ рихитæ ныууадзгæйæ.

Хъызылбаштæ æрбангом сты, сæ сихты резиденци Ардебилы кæмæн уыди, уыцы суфиаг орден сефевийы алыварс. XV æнусы дыккаг æмбисы уыдон, сæ сæргъы ардебилаг сихтæ, афтæмæй арæзтой стигъæн бабырстытæ Гуырдзыстонмæ.

1502-æм азы хъызылбаштæ ныддæрæн кодтой паддзахад Ак-Коюнлу æмæ сфидар кодтой Ираны сæргъы сæ сих Исмаил Сефевийы. Уыцы сих та радта знæмæн ном «шахсевантæ» (ома «сахуарзджытæ»). Уыцы ном уыдон хæссынц ныронг. Скæсæн Ираны хъызылбашты къорд та бахъахъхъæдта сæ раздæры ном.

Хъызылбашты элитæ æлдариуæг кодта Ираны суанг XVI æнусы кæронмæ, ома сах Аббас Фыццаджы реформæты онг. Уымæ гæсгæ Сефевидты Ираны арæх хуыдтой «хъызылбашты паддзахад» (зæгъæм, уæды заманы уырыссаг документты).

Хъызылбаштæ сты азербайджайнаг адæмыхатты компоненттæй иу.