Цæгæраты Максим
Цæгæраты Николайы фырт Максим (1916—1990) у ирон фыссæг.
Цæгæраты Максим | |
---|---|
Райгуырды датæ | 22 апрелы (5 майы) 1916 |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 1990-æм азы 2 декабры (74 азы) |
Мæлæты бынат | |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Ахуырад | |
Архайды хуыз | фыссæг, сценарист |
Сфæлдыстады азтæ | 1936 — |
Уацмысты æвзаг | уырыссаг æмæ ирон |
Хорзæхтæ |
Йæ уацмысты ’хсæн уацау «Нæ фехъуыстон, ма зæгъ» æмæ æндæртæ.
Цæгæраты Максим у зынгæ фыссæг æмæ æхсæнадон кусæг. Максим райгуырдис 1916-æм азы 27 августы Алагиры. 1941 азы каст фæцис пединститут. Уыди хæсты, сси афицер, бирæ тугкалæн тохты равдыста лæгдзинад, хорзæхджын æрцыдис кады ордентæй.
Хæсты фæстæ куыста бæрнон бынæтты: уыди чиныгуадзæны сæйраг редактор, Ирон театры директор, журнал «Мах дуджы» редактор, республикæйы культурæйы министр, Фысджыты цæдисы сæрдар. Уыцы куыстытæ домдой бирæ рæстæг æмæ хъару, фæлæ уаддар Максим анувыд æмæ æнтысджынæй лæггад кодта ирон литерæтурæйæн — хаста йæм ног æмæ ног уацмыстæ.
Максим фыста æмдзавгæтæ, радзырдтæ, уацаутæ, романтæ. Ирон прозæйы зынгæ бынат ахсынц йæ уацаутæ «Сау хохы фыййау» (1961-æм аз), «Нæ фехъуыстон ма зæгъ» (1963-æм аз), «Балцы зарæг» (1965-æм аз), «Хæххон барæг» (1970-æм аз), роман «Райсомы мигъ» (1983-æм аз). Уыдоны автор хуызджын нывты æвдисы Ирыстоны цард, адæмы тох сæрибар æмæ амондыл, сæ хæстон сгуыхтытæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты, сæ хъазуатон куыст, сæ зонды тых æмæ сæ уды рæсугъддзинад. Максимæн бантыстис цардæгас фæлгонцтæ саразын, йæ геройтæ сты, адæмы амондыл чи тох кæны, хорз хъуыддаг аразын сæ хæсыл чи нымайы, ахæм адæймæгтæ. Йæ уацмыстæ тæлмацгонд æрцыдысты бирæ адæмты æвзæгтæм.
Максим цардæй ахицæн 1990-æм азы 2 декабры.