Цæгат Кипр
Цæгат Кипр (тур. Kuzey Kıbrıs; официалон ном — Цæгат Кипры туркæгты (туркаг) Республикæ, тур. Kuzey Kıbrıs Türk Cumhuriyeti) у, йæхи 1983-æм азы чи расидти æмæ Кипры сакъадахы æртыццаг (цæгатаг) хай чи ахсы, уыцы æнæбанымад паддзахад. 1975–1983-æм азты йын уыди ном Цæгат Кипры туркæгты Федеративон Паддзахад (тур. Kıbrıs Türk Federe Devleti).
| |||||
Гимн: «İstiklâl Marşı» | |||||
Хæдбар сси | 15 ноябры 1983 азы Кипрæй | ||||
Æвзаг | туркаг | ||||
Сæйраг сахар | Никоси (цæгатаг хай) | ||||
Стырдæр сахартæ | Кирини, Фамагустæ, Никоси | ||||
Хицауиуæджы хуыз | Президентон республикæ | ||||
Президент Премьер-министр |
Мустафа Акынджы Йомер Калынжи | ||||
Фæзуат | 3355 км² | ||||
Доны процент | 2,7 | ||||
Цæрджытæ • Бахыгъд (2006) • Æнгомад |
265 100 ад. 78 ад./км² | ||||
ÆМП • Æдæппæт (2004) • Иу адæймагмæ |
дунейы -æм 1776 млн. $ 8095 $ | ||||
Валютæ | Ног туркаг лирæ | ||||
Интернет-домен | nc.tr | ||||
Телефонон код | +90 392 | ||||
Сахатон таг | +2 |
Цæгат Кипры хæдбардзинад банымадта, ИНО-йы къорд резолюцимæ гæсгæ уыцы территори æнæзакъонæй оккупаци чи кæны, айдагъд уыцы Турк. Æхсæнадæмон барадмæ гæсгæ Кипры Республикæ у, 1974-æм азы онг йе скондмæ чи хауди, æгас уыцы территорийы сувереннон хицау.
Цæгат Кипры цæрджыты нымæц у 200 мин адæймагмæ æввахс. Фæзуат — 3355 кв. км. (къаннæг эксклав Коккинæ нымайгæйæ).
Цæгаткипрæгты фылдæр хай сты туркæгтæ. Уыдон дихгонд сты дыууæ коммунæйыл: бынæттон кипраг туркæгтæ æмæ, Туркæй чи æрлыгъди, уыцы чысылазиаг (анатолиаг) туркæгтæ. Цæгат Кипры ма ис бынæттон грекъæгтæ æмæ марониттæ кæм цæрынц, ахæм анклав.
Цæгат Кипры сæйраг сахар у Никосийы (тур. Lefkoşa, гр. Λευκωσία) сахары цæгатаг хай. Цæгат Кипры туркæгты Республикæ Кипры иннæ хайæ хицæнгонд у буферон зонæйæ. Дыууæ хайы чи хицæн кæны, уыцы хахх («Кæрдæгцъæх хахх» — англ. Green Line) хъахъхъæны ИНО-йы сæрмагонд гæрзифтонг тыхтæ.