Цæратæ
Цæратæ[1] кæнæ Цæриатæ[1] (уырыс. Цараевы, Цариевы, Чараевы, гуырдз. ცარაშვილი, ჩარაშვილი, ჩარაული[1]) сты ирон мыггаг.
Истори
ивынЦæратæн, дам, сæ фыдæл Цæра уыд алайнаг, Тимуры æфсæдтæ йæ амардтой. Тимуры æфсæдтæ Кавказмæ куы æрцыдысты, уæд Цæра цардис Цирохсы хъæуы, уыди йын бинонтæ. Йæ цотæн мыггаг скодта йæ номæй — Цæратæ. Сарæзта стыр хæдзар, мæсыг. Уыцы мæсыджы арæх æмбæхстысты Цирохсы адæм, кæсæг-иу сæм куы æрбабырстой, уæд. Цæратæ цардысты хъæздыг, стыр мыггаг уыдысты, фæлæ сæ низ аскъуыдта, сæ фæллой та сын Туйгъантæ Фæснæлы хъæумæ сæхицæн фæластой. Цæраты мыггаджы фарсмæ Цирохсы цардысты Хъудзитæ дæр, фæлæ ацы мыггагыл низ сыстад æмæ аскъуыдысты. Уæдæй фæстæмæ Дыгуры комы Хъудзиты мыггаджы кой нал ис.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 1,2 Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.
Литературæ
ивын- Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 182.
- Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 142.
- Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 315–316.