Цæргæстæ (мыггаг)
Цæргæстæ[1][2] кæнæ Цæргæсатæ[1][2] (уырыс. Царгасовы) сты ирон мыггаг.
Хъарабугъатæ, Таймазтæ æма Хъантемуртæ равзурдæнцæ Цæргæсати муггагæй. Хъарабугъа, Таймаз æма Хъантемур адтæнцæ Цæргæсати Цæргæси æртæ фурти, райгурдæнцæ Дигори коми Къуссуй гъæуи. Сæ лæгти карæмæ ку исхъæрттæнцæ æнсувæртæ, уæд уоститæ ракурдтонцæ, хецæнтæй æрцардæнцæ æма сæ муггæгтæ сæхе нæмттæбæл искодтонцæ. Уотемæй Къуссуй гъæуи фæззиндтæнцæ, уæлдæр ке кой кæнæн, еци æртæ муггаги.
Кæд Цæргæси æртæ фурти сæ муггæгтæ сæхе нæмттæбæл искодтонцæ, уæддæр сæ еумæйаг муггаг ба худтонцæ сæ фидæ Цæргæси муггагбæл — Цæргæсатæбæл. Æнсувæртæ дæр æма уони цæуæт, сæ байзайæггæгтæ кæронмæ дæр сæхе нимадтонцæ æлдæрттæ Цæргæсати муггагæй, еци муггагæй сæхе иннæ адæмтæй бæрзонддæр кодтонцæ.[3]
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005
- ↑ 2,0 2,1 Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон ирон мыггагон нæмтты тыххæй. Ирон мыггæгты иууон номхыгъд
- ↑ Гецати Афæхъо. Цæргæстæ, Хъарабугъатæ, Таймазтæ æма Хъантемуртæ // Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — Ф. 49—56.