Цакъотæ (уырыс. Цакоевы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд ивын

Цакъоты мыггаг райдайæны цардысты Уæхъæцы. Сæ райдиан Астан уыд. Астан кæцæй æрцыд, уый ничи зоны. Астанæн уыд æртæ фырты. Иу дзы хуынд Дзапар, иннæ та Глон, æртыккаджы ном нæ хъуыды кæнынц. Цардысты иумæ. Астан Мæхческы сæрмæ сарæзта мæсыг. Уæд Дзапар йæ фыдимæ цæуылдæр фæбыцæу æмæ Гуырдзымæ алыгъд æмæ йæ мыггаг Дзапартæй ссис.

Глон æмæ иннæ æфсымæртæн цы цæуæт рацыд, уыдонæй алчи йæхи номыл мыггаг скодта, æмæ Цакъотæ, Охъазтæ, Тауаситæ, Цохътæ, Гæуистæ, Налойтæ, Скъодтатæ, Цъебойтæ æмæ Дзапартæ сты Астантæй. Æрвадиуæг кæнынц абон дæр. Таурæгъмæ гæсгæ, ацы мыггаджы фыдæл хуынд Цакъо æмæ уыд Астаны аст фыртæй сæ иу, цард йæ фыд æмæ йе ’фсымæртимæ Уæхъæцы. Цакъо куы слæг, уæд ахицæн, æмæ йæ номæй мыггаг скодта — Цакъотæ. Уæхъæцæй дарддæр ма Цакъотæ цардысты Задалескъы æмæ Мæздæджы.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.

Литературæ ивын

  • Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон ирон мыггагон нæмтты тыххæй. Ирон мыггæгты иууон номхыгъд
  • Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005