Цопанатæ кæнæ Цопантæ (уырыс. Цопановы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд ивын

Цопанæн цыппар лæппуйы райгуырд: Дзабо, Хъариа, Дзæгъæсхъо, Тæтæр. Уыдонæн сæ фыд загъта, алчи дæр уæ йæхицæн мыггаг скæнæт. Тæтæратæ æмæ Хъариатæ хицæн мыггæгтыл фыссын райдыдтой сæ цоты, иннæтæ, Цопантæй баззадысты. Ацы мыггагыл ма ис таурæгъ, уымæ гæсгæ Цопанты мыггаг равзæрд Уæлладжыры комы Æрхоны Ос-Бæгъатыры фырт Цæразоны къабазæй — Елдзартæй. Елдзарæн уыд дыууæ фырты: Цопан æмæ Айдарухъ. Æфсымæртæ Уæлладжыры комы фæтуджджын сты æмæ сæ мыггаг раивтой, скодтой йæ сæ хистæр æфсымæр Цопаны номыл — Цопантæ, зæгъгæ. Æрбалыгъдысты Дыгургоммæ. Айдарухъ Стыр Дыгуры æрцард æмæ йæхи хуыдта Цопантæй. Цопанæн Къæмынты хъæуы райгуырд фырт — Болат. Болатæн дæр Хъараты чызгæй райгуырд фырт Болатыхъо. Уымæн дæр рацыд зæнæг. Цопантæй бирæтæ алыгъдысты Сындзыхъæумæ, Æрыдонмæ, Цыколамæ, Дзæгъæппарзмæ.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.