Йесо Чырысти
(Чырысти-æй æрвыст)
Йесо Чырысти, дыгуронау Киристе (гр. Ἰησοῦς Χριστός, рагон слав. Їисъ Хрїстъ, уырыс. Иисус Христос) чырыстон дины у Хуыцауы фырт, адæймаг æмæ Хуыцау, Сыгъдæг Æртæиууоны дыккаг гоймаг.
Йесо райгуырдис Вифлеемы, Иудейы. Йæ цард æмæ архайд афыссынц Ног Фæдзæхсты цыппар чиныджы — Матфей, Марк, Лука æмæ Иоанны Евангели. Йесо Чырысти æцæгæй кæй цардис, ууыл æвдисæн сты, йæ кой чи кæнынц, чырыстон динимæ баст чи нæ уыдысты, уыцы рагон авторты тексттæ (Иосиф Флавий, Корнелий Тацит æмæ æндæртæ).
Пысылмон дины Йесо — арабб. عيسى بن مريم [иса бин мариам] — нымад у Хуыцауы пехуымпарыл, фондз ахсджиагдæр пехуымпартæй иуыл.