Шри-Ланка
Шри-Ланка (санскр. श्री लङ्का «Фæрныг сакъадах», 1972-æм азы онг зындгонддæр уыдис куыд Цейлон; æнæхъæн ном та Демократон Социалистон Республикæ Шри-Ланка) у сакъадахон паддзахад Индийы хуссар-скæсæйнаг былмæ ’ввæхс.
| |||||
![]() | |||||
Гимн: «Sri Lanka Matha» | |||||
Хæдбар сси | 1948 азы 4 февралы Стыр Британийæ | ||||
Æвзаг | сингалаг, тамилаг | ||||
Сæйраг сахар | Шри-Джаяварденепура-Котте | ||||
Стырдæр сахартæ | Коломбо | ||||
Хицауиуæджы хуыз | Республикæ | ||||
Президент Премьер-министр |
Махинда Раджапаксе Дисанаяка Джаяратне | ||||
Фæзуат | 65 610 км² | ||||
Доны процент | 1,9 | ||||
Цæрджытæ • Бахыгъд (2009) • Æнгомад |
20 238 000 ад. 308 ад./км² | ||||
Валютæ | Рупи | ||||
Интернет-домен | .lk | ||||
Телефонон код | +94 | ||||
Сахатон таг | +6 |
Тамил-Илам Ивын
Шри-Ланкайы цæгаты ис, официалон æгъдауæй кæй ничи паддзахадыл банымадта, ахæм тамилаг паддзахад (Тамил-Илам). Тамилæгтæ сты Шри-Ланкайы цæрджытæй 18% æмæ, уыдон куыд нымайынц, сæ бартæ куыд æмбалы афтæ хъахъхъæд нæ уыдысты — гъе, уый тыххæй саразтой хицæн паддзахад. Тамилаг террористтæ саразтой дунейы æвирхъаудæр терактæй бирæ.