Ягънобаг æвзаг
Ягънобаг æвзаг (Яғнобӣ зивок) у ягънобаг адæмы æвзаг. Дзурынц ыл 12 мин адæймаджы бæрц Таджикистаны.
Ягънобаг æвзаг | |
---|---|
Бæстæтæ | Таджикистан |
Дзурджыты нымæц |
|
Классификаци | |
Категори | Евразийы æвзæгтæ |
Фыссынад | латинаг алфавит[d] æмæ кириллон алфавит |
Æвзаджы кодтæ | |
ISO 639-1 | — |
ISO 639-2 | — |
ISO 639-3 | yai |
WALS | ygn |
Atlas of the World’s Languages in Danger | 1438 |
Ethnologue | yai |
ELCat | 3217 |
IETF | yai |
Glottolog | yagn1238 |
Ягънобаг æвзаг согъдаг æвзаджы Усташанæйы диалектæй равзæрдис. Уымæй у ирайнаг æвзæгты цæгат-скæсæйнаг къорды дыууæ уæнгæй иу. Сæ равзæрдмæ гæсгæ, ирон æвзагæн ягънобаг æвзагæй хæстæгдæр нæй. Кæд æнусты дæргъы кæрæдзийæ иппæрд уыдысты, уæддæр дыууæ æвзаджы ’хсæн ис ма тынг æнгæсæн дзырдтæ: зæгъæм, ягънобагау шумох нысан кæны «сымах».
Ягънобаг æвзаджы ис 8 хъæлæсоны (уыдонæй 5 сты дæргъвæтин, 3 — цыбыртæ) æмæ 27 æмхъæлæсоны. Уыцы æвзаджы ис æрмæст дыууæ хауæны (афтæ рагон ирон æвзаджы дæр уыдис, иртасджыты хъуыдымæ гæсгæ).
Ис ягънобæгтæн сæхи фыссынад кириллон таджикаг фыссынады бындурыл, сарæзта йæ ахуыргонд Сайфиддин Мирзозода, Таджикистаны Зонæдты Академийы уæнг. Ягънобаг æвзаг ахуыр кæнынц ягънобаг хъæуты сывæллæттæ фыццаг къласæй цыппæрæм къласмæ, уымæн ис сæрмагонд ахуыры чингуытæ.
Литературæ
ивын- Хромов А. Л. Ягнобский язык, Мæскуы, 1972.