Baisikeli Ugunduzi у коммерцион социалон амалиуæг, уæй кæны велосипедтæн бахъуаджы хæйттæ Дæлсахарæйы Африкæйы регионы[1][2][3] Baisikeli Ugunduzi нысан кæны «ног кæнæ инновацион велосипедтæ» суахилаг æвзагыл.[4] Компанийы бындур æвæрд æрцыдис 2011 азы. Йæ иу бындурæвæрæг — Бен Митчел — у инженер, ныртæккæ ахуыр кæны Мичиганы технологиты университеты, зонæдты кандидаты къæпхæнмæ (PhD).[5] Иннæ бындурæвæрæг у Джон Гершенсон, Мичиганы технологиты университеты профессор.[2][6] Baisikeli Ugunduzi сæйраг къантор у сахар Киталейы (Кени). Нымад у социалон амалиуæгыл уый тыххæй æмæ базармæ равæры, ласæн велосипедтыл цы адæм архайынц (бодабода сæ хонынц), уыдоны цард фæхуыздæр кæнынæн товартæ.[4][7]

Кусæн велосипед Мвингийы, Кени (2013)
Сугласæн велосипед Танзанийы (2013)

Æхцаввонгад

ивын

Baisikeli Ugunduzi райста 100 мин доллæры фонд USAID-æй.[1][8] Уый йеддæмæ компани бацахста фыццаг бынат Центрон Мичиганы университет цы ерыс арæзта, уый мидæг, æмæ дзы райста 30 мин доллæры æмæ 10 мин доллæры куыд «тæккæ хуыздæр социалон амалиуæг» (Best Social Venture)[5][9][10]

Продукт

ивын

Компанийы фыццаг продукт сси эластикон материалæй конд цалхы камерæ, схуыдтой йæ «Милеле»[1][11] Милеле нысан кæны «æнустæм» суахилаг æвзагыл.[2] Ацы камерæ у хъæбæр æмæ йæ бон нæу ахуынкъ уæвын. Уадзынц æртæ хъæбæрдзинады къæпхæны «милеле» камерæтæ.

Базар

ивын

Дæлсахарайы Африкæйы цæрынц, сæ арвылбоны мызд велосипедæй чи фæкусы, ахæм 5 милуан адæймагæй фылдæр[1]. Уыдон иуæй-иу хатт сæ æфтиаджы цыппæрæм хай сафынц бахъуаджы хæйттæм, арæхдæр — камерæтæм[1]. Традицион камерæйы аргъ у æртæ доллæрмæ ’ввæхс[1], «милелейы» аргъ та у дæс доллæры, фæлæ йæ бон у фондз азмæ цæуын.[1]

Æндæр проекттæ велосипедты тыххæй

ивын

Æддаг æрмæг

ивын

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. 1,0 1,1 1,2 1,3 1,4 1,5 1,6 Engineering Next Generation Bicycle Components for Developing Country Consumers(недоступная ссылка). USAID (April 7, 2013). Датæ: 2013-æм азы 25 майы. Архив 2015-æм азы 19 майы.
  2. 2,0 2,1 2,2 Dell Social Innovation Chalange: Baisikeli Ugunduzi. Dell Inc.. Датæ: 2013-æм азы 25 майы.
  3. johncoe. Baisikeli Ugunduzi(недоступная ссылка). BoneShaker Magazine (October 8, 2012). Датæ: 2013-æм азы 25 майы. Архив 2013-æм азы 16 июлы.
  4. 4,0 4,1 FAQ: What does Baisikeli Ugunduzi mean?. Baisikeli Ugunduzi. Датæ: 2013-æм азы 25 майы.
  5. 5,0 5,1 Ben Mitchell Wins $40k at CMU New Venture Competition. Byron Fellowship Educational Foundation (April 26, 2012). Датæ: 2013-æм азы 26 майы.
  6. Dean's December 2012 E-Letter: Alumni Spotlight(недоступная ссылка). University of Idaho (December 2012). Датæ: 2013-æм азы 26 майы. Архив 2013-æм азы 26 июны.
  7. Wilberforce Netya. Tubeless tyre innovation: African bicycle operators to save billions(недоступная ссылка). StarAfrica (September 5, 2012). Датæ: 2013-æм азы 26 майы. Архив 2015-æм азы 19 майы.
  8. The DIV Portfolio by Country, Kenya: "Innovative Bicycle:" Engineering next generation bicycle components for developing country consumers(недоступная ссылка). USAID. — «$100,000 - Stage 1: Proof of Concept - Global Health; Environment & Global Climate Change». Датæ: 2013-æм азы 26 майы. Архив 2013-æм азы 10 мартъийы.
  9. Dennis Walikainen. Students Hit the Jackpot in Venture Competition, $40K with Two Awards; Third Place Brings Home $5K(недоступная ссылка). Michigan Technological University (May 24, 2013). Датæ: 2013-æм азы 26 майы. Архив 2016-æм азы 4 мартъийы.
  10. CMU awards $60,000 to top student startups at New Venture Competition. Central Michigan University (April 2, 2012). Датæ: 2013-æм азы 26 майы.
  11. Tyler Benedict. Milele Flat-Proof Inner Tube. BikeRumor (November 9, 2012). Датæ: 2013-æм азы 25 майы.