Борæтæ — нарты æртæ мыггагæй иу, йæ сæйраг миниуæг уыдис хъæздыгдзинад: фосы стыр дзугтæ, æнæнымæц бæхты рæгъæуттæ; сæ хъæздыгдзинадæй æппæлгæйæ , арæх кодтой хъуыстгонд нæртон куывдтæ.

Ирон Нарты кадджыты Борæтæ сты Æхсæртæггаты цыфыддæр знæгтæ.

Борæты мыггагæй зындгонд сты Бурæфæрныг — мыггаджы сæрæвæрæг — æмæ йæ авд фырты, кæцытæ сæ адзал ссардтой Батырадзы къухæй, йæ фыд Хæмыцы туг куы иста Батырадз, уæд.