Гранадо, Альберто
(Альберто Гранадо-æй æрвыст)
Альберто Гранадо (1922-æм азы 8 августы Эрнандо, Кордовæйы провинци, Аргентинæ — 2011-æм азы 5 мартъийы, Гаванæ) — аргентинæйаг æмæ кубæйаг дохтыр, фыссæг æмæ ахуыргонд. Уыди Че Геварайы æмбæлццон сæ балцы Хуссар Америкæйыл. Уыимæ ма сарæзта Медицинæйы скъола сахар Сантьягойы Кубæйы.
Альберто Гранадо | |
---|---|
исп. Alberto Granado | |
Райгуырды датæ | 1922-æм азы 8 августы[1] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 2011-æм азы 5 мартъийы[2][1] (88 азы) |
Мæлæты бынат | |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Ахуырад | |
Архайды хуыз | ахуыргонд, фыссæг, сценарист, афтекгæс, хосгæнæг, оператор-æвæрæг, киноактёр |
Уацмысты æвзаг | испайнаг[4] |
Викикъæбицы медиа |
Гранадо ныффыста чиныг «Че Гевараимæ балц, революционеры арæзтад» (англ. Travelling with Che Guevara: The Making of a Revolutionary). Ацы чиныгмæ гæсгæ æмæ Геварæйæн йæхи фыстытæм гæсгæ 2004-æм азы ист æрцыдис киноныв «Мотоциклисты боныгтæ». Кинойы æрыгон Альберто Гранадойы ахъазыд актёр Родриго де ла Серна, Че Геварайы — Гаель Гарсиа Берналь. Зæронд Альберто Гранадо йæхæдæг дæр фæзыны кинойы кæрон.
Библиографи
ивын- The Motorcycle Diaries (ISBN 1-84413-426-1)
- Travelling with Che Guevara: The Making of a Revolutionary (ISBN 1-84413-426-1)
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 Alberto Granado // filmportal.de — 2005.
- ↑ http://www.bbc.co.uk/news/world-latin-america-12658025
- ↑ Deutsche Nationalbibliothek Иумæйаг нормативон контроль (GND) (нем.) — 2012—2016.
- ↑ Bibliothèque nationale de France идентификатор BNF (фр.): гом бæрæггæнæнты платформæ — 2011.