Архипелаг
Архипелаг у кæрæдзимæ æввахс æвæрд денджызон сакъадæхты къорд. Сакъадæхтæн вæййы иумæйаг равзæрд (континентон, вулканон, кораллон) æмæ æмхуызон геологон сконд. Иуæй-иу архипелагтæн сæ сакъæдæхтæн ис фæйнæхуызон равзæрд.
Этимологи
ивынДзырд «архипелаг» арæзт у дыууæ грекъаг дзырдæй: arche — райдиан, сæрæвæрд и pelages — денджыз. Дзырд Αρχιπέλαγος райдианы нысан кодта, æрмæст Эгейы денджызы цы сакъадæхты къорд уыди, уыдон.
Стырдæр архипелагтæ
ивын- Аланды сакъадæхтæ
- Александры архипелаг
- Амиранты сакъадæхтæ
- Антилы сакъадæхтæ
- Архипеладжы денджыз
- Бисмарчы архипелаг
- Гавайийы сакъадæхтæ
- Гебриды сакъадæхтæ
- Гречъы архипелаг
- Кæрдæгцъæх сынæджы сакъадæхтæ
- Франц-Иосифы зæхх
- Канадæйы арктикон архипелаг
- Каролинæйы сакъадæхтæ
- Кергелен
- Корейы архипелаг
- Малайы архипелаг
- Моонзунды архипелаг
- Ног Зеланди
- Ног Зæхх
- Ног Сыбыры сакъадæхтæ
- Норденшельды архипелаг
- Нормандийы сакъадæхтæ
- Арты зæхх
- Оркнейы сакъадæхтæ
- Паррийы архипелаг
- Цæгат Зæхх
- Сенкаку
- Соломоны сакъадæхтæ
- Фареры сакъадæхтæ
- Фолкленды сакъадæхтæ
- Чилийы архипелаг
- Шантары сакъадæхтæ
- Шпицберген
- Хуссар Шетланды сакъадæхтæ
- Японы сакъадæхтæ
- Курилы сакъадæхтæ