Ахриев, Чах Эльмурзæйы фырт
Ахриев Эльмурзæйы фырт Чах (1850-æм азы 22 майы, Фуртоуг, Дзæрæхы ком — 1914-æм азы 12 майы, Дзæуджыхъæу) уыд мæхъхъæлон рухстауæг, этнограф, дæс азæй фылдæр фæкуыста Елизаветполы губернæйы (Азербайджаны) паддзахадон зæххыты хъуыддæгты фæдыл чиновникæй. Ахриевы иртасæнтæ тынг ахсджиаг сты мæхъхъæлон адæмы истори, рагон дин, традицитæ æмæ эпос æмбарынæн.
Чах Эльмурзæйы фырт Ахриев | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1850-æм азы 10 майы |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1914-æм азы 29 апрелы (63 азы) |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Зонады къабаз | этнографи |
Альма-матер |
Авд азы йыл куы цыдис, уæд райстæуыд Дзæуджыхъæумæ амынæтæй цæрынмæ. Амынæты цард кæд уæззау уыдис, уæддæр лæппутæн фадат уыдис ахуырад райсынæн. Чах ахуыр кодта æфсæддон кантонистты скъолайы, стæй ацыдис Стъараполы гимназмæ.
Гимназ каст фæуыны фæстæ дыууæ азы дæргъы (1868—1870) цардис йæ райгуырæн хъæуы. Уыцы дыууæ азы дæргъы иртаста йæ адæмы цардыуаг, фольклор æмæ традицитæ — уыдæтты тыххæй фыста этнографион уацтæ. Фæстæдæр уыдон мыхуырæй цыдысты Тбилисы «Кавказы хохæгты тыххæй æмбырдгонд»-ы (уырыс. Сборник сведений о кавказских горцах) æмæ газет «Терские ведомости»-йы.
1870-æм азы Ахриевы къухы бафтыдис Нежины лицеймæ бацæуын (сахар Черниговы цур). Цыппар азы дзы ахуыр кодта æмæ уыцы лицей каст фæцис 1874-æм азы — уымæй сси, уæлдæр ахуырад чи райста, фыццаг ахæм мæхъхъæлон. Сси юрист æмæ йæ куыст райдыдта Фæскавказы (Тбилисы). Фæстæдæр куыста Дзæуыджыхъæуы, уырдыгæй та æрвыст æрцыдис Елизаветполы губернæмæ.
Ахриевæн райгуырдис дыууæ фырты æмæ иу чызг.
1912-æм азы Ахриев фæрынчын ис сæкæрнизæй, йæ куыстæй ацыдис æмæ йæ бинонтимæ ралыгъдис Дзæуджыхъæумæ. Уым амардис 1914-æм азы 29 апрелы (зæронд стильмæ гæсгæ, ома 12 майы). Баныгæдтой йæ йæ райгуырæн хъæу Фуртоуджы, йæ фæстаг фæндонмæ гæсгæ.
Библиографи
ивынАхриевæн цы уацтæ мыхуырæй рауадзын бантыстис, уыдон сты:
- Похороны и поминки у горцев. // «Сборник сведений о кавказских горцах», Тифлис, 1870, вып. II, стр. 28-32.
- Несколько слов о героях в ингушских сказаниях. // «Сборник сведений о кавказских горцах», Тифлис, 1870, вып. IV, отд. II, стр. 1-33.
- Из чеченских сказаний // «Сборник сведений о кавказских горцах», Тифлис, 1871, вып. V, отд. II, §2, стр. 38-46.
- Ингушские праздники // «Сборник сведений о кавказских горцах», Тифлис, 1871, вып. V, отд. III, § 2, стр. 1-16.
- Об ингушских кашах (фамильных склепах знатных родов). // «Терские ведомости». 1871, № 17.
- Присяга у ингушей. // «Терские ведомости», 1871, №20.
- Нравственное значение присяги у ингушей. // «Терские ведомости», 1871, №21.
- О характере ингушей. // «Терские ведомости», 1871, №30.
- Об ингушских женщинах. // «Терские ведомости», 1871, №31.
- Этнографический очерк ингушского народа с приложением его сказок и преданий. // «Терские ведомости», 1872, №27-35, 39, 42, 43, 45-49; 1873, № 3, 21, 22, 24-26.
- Ингуши. Их предания, верования и поверья. // «Сборник сведений о кавказских горцах», 1875, вып. VIII, отд. I, стр. 1-40.
- Заметки об ингушах («О характере ингушей», «Присяга у ингушей», «Об ингушских женщинах», «Ингушские каши»). // «Сборник сведений о Терской области», Владикавказ, 1878, вып. 1, стр. 276-290.
Æддаг æрмæг
ивын- Ахриевы тыххæй цалдæр тексты Архивгонд æрцыдис 31 майы 2010 азы. (уырыс.)