Бæлæутæ (уырыс. Балаовы) сты дыгурон мыггаг.

Истори

ивын

Рагон таурæгътæм гæсгæ, Каса, Бæлæу, Бичил, Бигъа, Джикка, Уани æмæ Кусай уыдысты æфсымæртæ, цардысты Куырттаты комы, Цымытийы хъæуы (Цмийы доны рахиз фарс).

Каса Цымытийы мæсыг самадта æмæ дзы бирæ фæцард, стæй алыгъд Чырыстонхъæумæ. Иннæ дыууæ æфсымæры: Бæлæу æмæ Бичил хуыздæр цардагур æрбафтыдысты Дыгургоммæ. Бæлæу æрцард Гæлиаты, Бичил та — Тъæпæн Дыгуры. Бæлæу Гæлиаты бинонтæ скодта æмæ йæ цоты йæхи номыл — Бæлæутæй ныффыста. Бæлæутæй бирæтæ ралыгъд Гæлиатæй Сырх Дыгурмæ.

Литературæ

ивын
  • Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 49.
  • Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 41.
  • Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 283–284.