Гамахартæ (уырыс. Гамахаровы) сты ирон мыггаг.

Истори ивын

Мыггаджы хистæртæ куыд дзурынц, уымæ гæсгæ раджы кæддæр Гуырдзыстонæй Цæгат Ирыстонмæ æрбацыд цыппар æфсымæры: Бага, Джерга, Тотр æмæ Гамахар. Æрцардысты Тибы комы. Сæ нæмттæм гæсгæ сæ мыггæгтæ скодтой æмæ Тибы комы фæзындысты мыггæгтæ: Багатæ, Джергатæ, Тотратæ, Гамахартæ. Гамахар ралыгъд Уæллагкоммæ æмæ æрцард Гæлиаты хъæуы. Ам ус ракуырдта. Райгуырд сын дыууæ фырты Парса æмæ Бата. Уыдоны зæнæгæй бирæтæ фæлыгъдысты быдыры хъæутæм æмæ горæттæм.

Литературæ ивын

  • Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 68.
  • Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 55–56.
  • Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 289–290.