Баситæ (уырыс. Басиевы, тур. Başi[1]) сты ирон мыггаг.

Баситæ
Баситы Мысост
Баситы Мысост
Рагон мыггаг Тидлатæ
Æрвадæлтæ Кънаттатæ, Дзлиатæ, Гогатæ, Таиратæ
Кæм цардысты Цъæй, Къæмынтæ

Равзæрд

ивын

Цардысты Цъæйы. Сæхицæн æрвадæлтæ хонынц Дзалатæ æмæ Гогаты. Адæм сæ хонынц Хъантыхъотæ дæр — сæ фыды фыд Хъантыхъойы номæй, стæй Дыгуратæй дæр сæ фыды фыды æфсымæр Дыгуры номæй. Баситæ цалдæр фæлтæры раивтой: Баси — Хъантыхъо — Еба — Ивадз — Гæгка — Тæтæрхъан — Дзæрæсби. Баситæй иутæ Цъæйæ æрбалыгъдысты Уæллагкоммæ. Сæ фыд хуынд Саге. Уый Дымтæм æрæфтыд. Уым Легкоты чызг ракуырдта æмæ уым цæргæйæ баззад.[2]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Ныхас Фыдыбæстæимæ / сост. Р.С. Кантемирова; наукон ред. Джусойты Нафи — Дзæуджыхъæу: Ир, 2016 — 263 ф.
  2. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.