Гогатæ (уырыс. Гогаевы) сты ирон мыггаг.

Равзæрд ивын

Гогаты мыггаг рацыд Туалгомæй. Мыггаг равзæрд зындгонд Хетæджы байзæддагæй. Георгийы фырт Дзала, уый фырт — Хъайсын, Хъайсыны фырт Гога раджы кæддæр Нары комæй зæххагур æрбафтыд Уæлладжыры коммæ æмæ æрбынат кодта Цъæйыхъæуы. Ам йæ мыггаг йæхи номæй — Гогатæ, зæгъгæ, скодта, æмæ афтæмæй Цъæйы фæзынд Гогаты мыггаг. Гогатæй иу лæг Дыгуры коммæ æрбалыгъд, æрцард Стыр Дыгуры зылды Моски хъæуы, ус ракуырдта æмæ бинонты хицау сси.

Гогаты мыггагæн хæстæг æрвадæлтыл нымад цæуынц: Дзалатæ, Дамбегтæ æмæ Сырхаутæ.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.

Зындгонд Гогатæ ивын