Бегкатæ (уырыс. Бегкаевы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд ивын

Бегкатæ æмæ Хуймантæ сты æрвадæлтæ. Дыгургоммæ æрбалыгъдысты Хурныгуылæн Гуырдзыйæ. Мыггаджы фыдæлтæ Бегка æмæ Хуйман кæмæй уыдысты, уый бæрæг нæу. Стыр Дыгурмæ кæд æрлыгъдысты — уый дæр. Сæ цæуæты нæмттæ дæр бæрæг не сты. Фæлæ 1886 азы æрфысты бæрæггæнæнтæм гæсгæ Бегкаты Алийы-фырт Иналухъ цард æд бинонтæ Моски хъæуы. Иналухъ нымад цæуы Москихъæуы Бегкаты фыдæлыл.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — Ф. 42.