Хуймантæ (уырыс. Хуймановы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд ивын

Мыггаджы фыдæл Хуйман уыд Хъæдохты мыггагæй. Куы слæг, уæд ус ракуырдта æмæ Хъæдохтæй рахицæн. Цæуæт ын фæзынд æмæ сын йæ номæй скодта мыггаг — Хуймантæ. Афтæмæй Гулæры хъæуы фæзынд Хуйманты мыггаг. Уырыссагау фыссынц Хаймановы. Стыр Дыгуры дæр ис Хуймантæ, фæлæ ацы Хуймантæ æмæ Гулæры цæрæг Хуймантæ кæрæдзийæн ницы хæстæг сты. Стыр Дыгуры Хуйманты мыггаджы хистæр уыд Гуырдзыйæ æрбафтгæ, Гулæры Хуймантæ та равзæрдысты сæхи хъæуы Хъæдохты мыггагæй.

Гуырдзыйæ æрбафтгæ Хуйманты ма Цицайтæ дæр хонынц, Хуйманы фыд Цица кæй хуынд, уымæ гæсгæ. Стыр Дыгуры хъæумæ æрбафтыдысты Гуырдзыйæ. Сæхицæн æрвадыл нымайынц сæхи хъæуккаг Бегкаты мыггаджы. Хуйманы фыццаг цæуæты байзæддæгтæ 1886 аз фыст бæрæггæнæнтæм гæсгæ сты Цæппойы фырт Цæрай, Бабуйы фырт Куцук, Хъасары фырт Мизик.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — Ф. 128.