Бекъойтæ (уырыс. Бекоевы) сты ирон мыггаг.

Истори ивын

Хуссар Ирæй, Джерæй ралыгъдысты æртæ æфсымæры Бекъойтæй: Тотт, Еба æмæ Къозма. Уыдон уым кънйаз Ерыстауы фырты амардтой, хъалон сæ кæй иста, уый тыххæй. Уæд ралыгъдысты æмæ Уæлладжыры комы Цъамады хъæуы Бицъоты Тотмæ бафысым кодтой. Уыдон агуырдтой фæсфæд бæстæ, Ерыстаутæ сæ кæм нæ ссардтаиккой, ахæм бæстæ. Бицъоты Тотт сæ акодта Карцамæ. Карца сæ зæрдæмæ нæ фæцыди æмæ фæстæмæ æрцыдысты Цъамадмæ. Уæд агургæйæ æрыфтыдысты Зæронд Тæмискъмæ. Уым хорз суадон уыд æмæ, гъе, уый былыл хæдзар скодтой. Уæд уым цæрæг нæма уыди. Бетъотæ, Черчестæ, Пагæтæ ма Цъамады цардысты æмæ уæд уыдон дæр ралыгъдысты уырдæм. Таурæгъгæнæг куыд зæгъы, афтæмæй уый цыппæрæм фæлтæр у, Зæронд Тæмисчъы Тотт куы ’рцард, уæдæй. Зæронд Тæмискъæй æрлыгъдысты бынмæ, Садонгоммæ, кæнæ Мидæггаг Тæмискъмæ. Стæй 1940 азы та ралыгъдысты, мæнæ ныр цы Тæмисчъы цæрынц, уырдæм.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Бекъойты Хъасболы фырт Бекмырзæйы ныхæстæй таурæгъ ныффыста Цагъаты А., Тæмискы, 1963 азы. Æвæрд ис ЦИГСИИ-ы архивы, оп. 1, п. 144, д. 378. Бекъойты мыггаджы таурæгъ ма ныффыста Рæмонты Еленæ, ныммыхуыр æй кодта чиныг «Дарг-Кох и даргкохцы», Владикавказ, 1998, ф. 195.

Литературæ ивын