Будайтæ (уырыс. Будаевы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд ивын

Мыггаджы фыдæл, дам, уыд алайнаг, йæ ном Тъауз, цард Дыгургомы Нæуæгхъæуы. Тъауз цард уым, Тимуры тыхгæнджытæ Цæгат Кавказы куы уыдысты, уыцы рæстæджы (XIVæнусы). Тъаузæн райгуырд дыууæ фырты: Буда — хистæр, Таймаз — кæстæр. Будайæн райгуырд авд фырты. Таймазæн та — дыууæ: Батæр æмæ Темур — Батæрты æмæ Темырты мыггæгты фыдæлтæ.

Будай æмæ йæ авд фыртмæ цæуылдæр смæсты сты Къуссуйы хъæуы цæрæг Хъантемыртæ. Хъантемырты æлдæрттæ æфхæрд никæмæн хатыр кодтой æмæ сфæнд кодтой Буда æмæ йæ авд фырты амарын. Сæ амарынæн баххуырстой Нæуæгхъæуы цæрджытæй кæйдæрты. Иухатт сæ размæ бабадтысты Нæуæгхъæу æмæ Одолайы ’хсæн æмæ Будайы фырттæй цыппары амардтой. Иннæ æртæйы сæ мад фервæзын кодта æмæ фæлыгъдысты Дыгургомæй, дыууæйæ Асымæ, иннæ та — Кæсæгмæ. Асымæ чи алыгъд, уыцы æфсымæрты бауазаг кодта Уырысбитæй иу хъæздыг хæдзар, къорд азты сæм фæцардысты, фæстæдæр сæ иу фæстæмæ Дыгуры коммæ æрбалыгъд æмæ æрцард Къуссуйы се ’рвадæлтæ — Темыртимæ. Асыйæ чи æрбаздæхт, уый ном дæр хуынд Буда. Асы æмæ Кæсæджы Будайтæ зонынц хæстæгдзинад Дыгуры цæрæг Будайтимæ. Будайæн Темыртæ Къуссуйы ус ракуырдтой, уый фæстæ Буда æд бинонтæ хицæнæй æрцард Стыр Дыгуры. Уым ын райгуырд дыууæ фырты: Дода æмæ Титиу. Адонæн дæр фæзынд цæуæт æмæ цæуæты цæуæт.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.

Æрвитæнтæ ивын

Будайти мугкаги кувд