Быз
(Бызыхъæу-æй æрвыст)
Быз (уырыс. Биз) у Цæгат Ирыстоны Алагиры районы хъæу. Ис Уæлладжыргомы. Йæ цæрджытæн сæ фылдæр уыдысты Цъамадæй æрлидзæг æмæ сæхи хуыдтой Сидæмонтæй.[2]
Хъæу | |
Быз | |
---|---|
42°54′48″ с. ш. 44°10′34″ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Уæрæсе |
Федерацийы субъект | Цæгат Ирыстон |
Муниципалон район | Алагиры район |
Истори æмæ географи | |
Сахатон таг | UTC+3:00 |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ | ↘13[1] адæймаджы (2010) |
Цифрон идентификатортæ | |
Телефонон код | +7 86731 |
Посты индекстæ | 363221 |
|
Бызы зæронд раны ном у Æддаг хъæу кæнæ Зæронд хъæу, ног раны ном та Æргъайтæ.[3]
Хъæумæ хæстæг ис Саубарæджы дзуар, адæймаджы къах кæдæм нæ хæццæ кæны, ахæм лæгæты. Саубарæг у къæрныхты æмæ абырджыты бардуаг.[4]
Бызы комкоммæ Æрыдоны доны рахиз былыл, рагон фæндаг кæуылты цыди, уым къæдзæхы рындзыл нырма лæууы Чъырамад.[2]
Мыггæгтæ
ивынБызы цардысты Уырымтæ, Кæсæбитæ, Пагæтæ, Тотыккатæ, Гозымтæ, Фардзинтæ, Бутатæ, Дудиатæ.[5]
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Том 1. Численность и размещение населения. Таблица 10
- ↑ 2,0 2,1 Хозиты Федыр. Уæлладжыры комыл — Туалтæм. Дзæуджыхъæу: Ир, 1999
- ↑ Цагъаты Анастасия. Цæгат Ирыстоны топоними. 1975
- ↑ Ирон æгъдæуттæ. Чиныг сарæзта Агънаты Гæстæн: Рецензенттæ Ходы Камал æмæ Чеджемты Геор. — Дзæуджыхъæу: Урсдон, 1999.
- ↑ Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 248 ф.