Бырнацтæ[1], варианттæ сты Бурнацтæ[2], Бурнæцтæ[3] (уырыс. Бурнацевы) сты ирон мыггаг.

Равзæрд ивын

Мыггаджы фыдæл Бырнац уыди кадджын Хетæджы къабазæй. Бырнац уыд Хетæджы иунæг фырт Георгийæн йæ иунæг фырт Мамийы æртыккаг фырт. Хетæджы фырт Георги цардис Гуыркъумты хъæуы, райгуырд ын дыууæ фырты — Мами æмæ Мамиа. Хистæр æфсымæр Мамийæн уыд æртæ фырты, сæ иу уыд Бырнац — Бырнацы мыггаджы фыдæл. Бырнац Гуыркъуымты хъæуы цæргæйæ бинонтæ æркодта æмæ йæ цоты мыггаг Бырнацтæй сси. Мыггаг куы сбирæ и, уæд æндæр рæттæм фæлыгъдысты — Уæлладжыры коммæ, Куырттаты æмæ Дайраны кæмттæм. Иутæ сæ æрбафтыдысты Дыгуры коммæ æмæ æрцардысты Стыр Дыгуры. Бырнацтæн хæстæг æрвадæлтыл нымад цыдысты: Кодзыртæ, Саутæтæ, Дзапартæ, Хлойтæ.[4]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005 — 359 ф.
  2. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.
  3. Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — 389 ф.
  4. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.