Гæзæнтæ (уырыс. Газановы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд

ивын

Гæзæнты рагфыдæл, дам, раджы кæддæр Асыйæ æрбалыгъд Дыгуры коммæ æмæ æрцард Доныфарсы. Йæ ном, æвæццæгæн, уыд Гæзæн. Ам ын райгуырд æртæ фырты. Куы байуæрстой, уæддæр сæ мыггаг нæ аивтой, баззадысты Гæзæнтæй. Æфсымæртæй иу æрцард Лескены, иннæ — Хæзнидоны, иннæ та Уæхъæцы. Гæзæнтæ æмæ Хуты мыггæгты хистæртæ куыд дзурынц, уымæ гæсгæ, дам, сæ рагфыдæл уыди алайнаг, йæ ном хуындис Газай, царди Уæлладжыры комы. Ам ын райгуырд дыууæ лæппуйы: кæстæр Дзау, хистæры ном нæ хъуыды кæнынц. Гæзæнтæ æмæ Хуты царды тыххæй ис дыууæ таурæгъы: Фыццаг таурæгъ ракодтой Дзæуджыхъæуккаг Гæзæнты Резван æмæ Уæхъæцы цæрæг Гæзæнты Бегæз. Адон дыууæ дæр Хуты мыггаджы фыццаг фыдыл нымайынц Газайы. Газай, дам, амардта йæ фырт Дзауы æмæ уымæ гæсгæ фæлыгъд Дыгуры коммæ Лезгоры хъæумæ. Ам ракуырдта Уаниты чызджы, райгуырд сын дыууæ фырты: Сата æмæ Бузар. Сатайы фырт хуынд Хай æмæ, дам, Хуты мыггаг Сатайы фырт Хайæ равзæрд, Хай уыд Хуты мыггагæн сæ фыццаг фыд. Хуты мыггаджы равзæрды тыххæй дыккаг таурæгъ радзырдта Хуты Мухадин, Дзæуджыхъæуы цæрæг. Йæ хистæртæй куыд фехъуыста, уымæ гæсгæ Хуты æмæ Газанты фыдæлтæ цардысты Уæлладжыры комы, Хонсары хъæуы. Газайæн уыд дыууæ фырты, кæстæр фырт Дзау. Газайы хистæр фырт лæг амардта, стæй Газайæн йæхи дæр амардтой. Газайы дыккаг фырт Дзау дæр Уæлладжыры комы кæйдæр амардта æмæ алыгъд Дыгургоммæ. Æрцард Лезгоры, ракуырдта Уаниты чызг. Райгуырд ын дыууæ фырты: Бузар æмæ Сата. Афтæмæй Бузарæй равзæрд Гæзæнты мыггаг, стæй та Хуты мыггаг.[1]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — Ф. 57—58.