Хайтæ кæнæ Хуытæ[1], дыгуронау Хутæ (уырыс. Хаевы) сты дыгурон мыггаг.

Истори

ивын

Гæзæнтæ æмæ Хуыты мыггагы хистæртæ куыд дзурынц, уымæ гæсгæ сæ фыдæл уыд алайнаг лæг, йæ ном хуындис Газай, цардис Уæлладжыры комы. Ам ын райгуырд дыууæ лæппуйы: кæстæры ном — Дзау, хистæры ном ничи хъуыды кæны. Гæзæнтæ æмæ Хуыты царды тыххæй ис дыууæ таурæгъы: фыццаг таурæгъ радзырдтой дзæуджыхъæуккаг Гæзæнты Резван æмæ Уæхъæцы цæрæг Гæзæнты Бегæз. Адон дыууæ дæр Хуыты мыггаджы фыдæлыл нымайынц Газайы. Газайы дам амардта йæ фырт Дзау æмæ фæлыгъд Дыгуры коммæ, Лезгоры хъæумæ. Ам ракуырдта Уаниты чызджы, райгуырд сын дыууæ фырты: Сата æмæ Бузар. Сатайы фырт хуынд Хуы æмæ, дам, Хуыты мыггаг Сатайы фырт Хуыйæ равзæрд. Ацы мыггаджы равзæрды тыххæй дыккаг таурæгъ радзырдта Хуыты Мухадин, Дзæуджыхъæуы цæрæг. Йæ хистæртæй куыд фехъуыста, афтæмæй, Хуытæ æмæ Газайы фыдæлтæ цардысты Уæллагкомы Хонсары хъæуы. Газайæн уыд дыууæ фырты. Йæ хистæр фырт лæг амардта, стæй Газайæн йæхи дæр амардтой. Газайы дыккаг фырт Дзау дæр Уæлладжыры комы кæйдæр амардта æмæ алыгъд Дыгургоммæ, æрцард Лезгоры, ракуырдта Уаниты чызджы, райгуырд сын дыууæ фырты: Бузар æмæ Сата. Афтæмæй Бузарæй равзæрд Гæзæнты мыггаг, Сатайæ та — Хуыты мыггаг.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005

Литературæ

ивын
  • Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 169.
  • Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 132.
  • Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 268–270.