Гæтæг
Гæтæг кæнæ Бæтæг у нарты кадджыты хъайтары ном. У цæугæдæтты æмæ суадæтты — дзыхыдоны (нуазыны) доны бардуаг, Сырдоны фыд.
Гæтæг | |
---|---|
Тип | бардуаг |
Æрд | нæлгоймаг |
Сывæллæттæ | Сырдон |
Нарты рæсугъд Дзерассæ, Донбеттыры чызг, рацæйцыд донмæ. Доны хицау Гæтæг æм схудт, йæ цæст æм æрныкъуылдта æмæ йæм дзуры: «Уæ, мæ хуры хай, урсцъар рæсугъд Дзерассæ, бауарз мæ, кæннод дын дон нæ ратдзынæн!». Фæтарст Дзерассæ Гæтæгæй, аздæхт æнæдонæй. Фæлæ йæ дыккаг цыдæн уæддæр фæрæдийын кодта, æмæ йын райгуырд фырт Сырдон[1].
Гæтæг Нартæн балæвар кодта донгуырой.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Цгоев Х.Ф. Словарь осетинской мифологии и уклада жизни. — 2 издание, дополненное и исправленное — Владикавказ: СОИГСИ ВНЦ РАН, 2017. — 753 с.