Галаты Барис
Галаты Алыксандры фырт Барис (райгуырдис 1889-æм азы, Дзæрæстæ, Цæгат Ирыстон — амардис 1976-æм азы, Цхинвал, Гуырдзыстоны ССР, Советон Цæдис) уыд ирон композитор æмæ дирижёр, ирон профессионалон музыкæйы бындурæвæрæг, ирон адæмон зарджыты æмбырдгæнæг æмæ иртасæг, Гуырдзыстоны ССР аивæдты сгуыхт архайæг.
Галаты Барис | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1889 |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1974 |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Професситæ | дирижёр, композитор |
Инструменттæ | фортепиано |
Хорзæхтæ |
Сфæлдыстадон куыст райдыдта 1907-æм азæй Бетъырбухы. Каст фæци Ленинграды музыкалон техникум 1932 азы (П. Рязановы кълас) æмæ ацыди Цхинвалмæ. 1938-1951 азты уый у Хуссар Ирыстоны драмон театры дирижёр, 1941-1943 азты уый ацы театры директор сси. 1938 азæй уый Хуссар Ирыстоны зарджыты æмæ кафты ансамбль «Симды» аивадон къухдариуæггæнæг æмæ дирижёр у. Уый у автор музыкалон комедийы «Усгурмæ» (1943), «Нарты Батрадз» (1942), уымæ хауы бирæ музыкæ Мольеры, Симоновы, Д. Гулиайы æмæ æндæрты уацмыстыл.
1951 азæй Галаты Барис Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны автономон облæсты зонадон-иртасæн институты зондадон-кусæгæй кусы. Уый бирæ азты дæргъы æмбырд кодта æмæ иртæста ирон адæмон зарджыты, кæцыты фылдæр фæстæдæр бахаста монографийы «Ирон адæмон зарджытæ». Чиныджы адæмон музыкалон аивад æртæ жанрæй у равдыст: зарджытæ, хъарджытæ, кадджытæ (таурæгътæ). Амæ æфтыд цæуы цыппæрæм жанр – адæмон кафтытæ.
Адæмон зарджыты автор дих кæны ахæм хуызтыл: историон (Чермены зарæг, Таймуразы зарæг); революционерон зарæг (Харебаты Исахъ, Дриаты Антон); хъайтарон зарæг, ацы зарджытæн сæрмагонд раздзæуæг бынат ис ирон адæмон зарджыты; эпикон зарджытæ, зарджытæ Нарты хъайтартыл, Нарты кадджытæ, кæцыты æххæст кæнынц зарæггæнджытæ хъисын фæндыримæ иумæ; фæллойы зарджытæ (зарæг къæпийæ куысты рæстæджы, хосдзауты зарæг); чындзæхсæвы зарджытæ, ацы зарджыты æххæст кæнынц æрмæст нæлгоймæгтæ, уæлдайдæр та чындзæхсæвы цыды рæстæджы, фынджы зарджытæ; юмористон зарджытæ; кафты зарджытæ (æмдзæгъдимæ); уарзондзинады зарджытæ; чызджы зарæг); лирикон (сылгоймæгты) зарджытæ (Софьяйы зарæг).
Монографийы афтæ-ма бындуронæй у сахуыргонд ирон адæмон кафтытæ. Автор нымайы, цæмæй рагон популярон ирон кафтытæ «Цоппай» æмæ «Чепена» æххæст цæуы æрмæст къордимæ, фæлæ «Симд» гæнæн ис æххæст цæуа куыд къорды зарæгæй афтæ кафты музыкæимæ дæр. «Хонгæ кафт» музыкалон инструменттимæ æххæст цæуы.
Иртасæг хицæнтæй æвдисы ирон музыкалон инструментты:
- Хъисын фæндыр – æртæтæнон цæгъдæн (инструмент), ууыл æрмæст нæлгоймæгтæ цæгъдынц.
- Дала-фæндыр
- Дыууадæстæнон фæндыр
- Уадындз – дымæн-фугæнæн (инструмент)
- Хъандзалфæндыр (ирон гармон) кæцыйыл æрмæст сылгоймæгтæ цæгъдынц æмæ æнд.
Галаты Барис бындур æрæвæрдта къорды аивадæн Хуссар Ирыстоны. Уый къухдариуæгæй арæзт æрцыд зарæггæнджыты бирæ къорд (Цхинвалы педагогон институты, æндæр æмæ æндæр районты).
Галаты Барис фæзиан 1976-æм азы.