Чепена (дыгур. кепена[1]) — нæлгоймæгты хъазæн кафт.

  • Къорды сæр – кафт «Чепенайы» амонæг, кафтамонæг-иу уыдис хуыздæр зарæггæнджытæй æмæ «Чепена»-йы хореографи зонджытæй иу. «Чепена» кафыдысты къорды сæр зардмæ æмæ æнæмæнг йæ амындмæ гæсгæ. Йæ амындтæ йын кафджытæ æххæст кæнынц æви нæ, уымæ та йæ хъус дардта йе ’ххуысгæнæг – симды сæйраджы æмбал.
  • Симды сæйраджы æмбал — кафт «Чепенайы» къорды сæры æххуысгæнæг; йæ хæс уыдис, цæмæй кафджытæ æнæмæнг æххæст кодтаиккой кафты бæрæг хореографион домæнтæ. Кæд æмæ-иу кафджытæй исчи уыцы домæнтæ фехæлдта, уæд-иу æй симды сæйраджы æмбал, æдзух-иу йæ къухы цы даргъ лæдзæг дардта, уымæй æрцæвтæ кодта.

Кæс ноджы

ивын
  • Тепена — хъæрæсе-балхъайраг кафт

Литературæ

ивын
  • Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. I том. ССРЦ-ы Зонæдты Академийы рауагъдад. Мæскуы-Ленинград, 1958.