Гасситы Никъалайы фырт Знауыр (райгуырдис 1925-æм азы 17 мартъийы Цхинвалы[1] — амардис 2016-æм азы 6 мартъийы Бузалайы) уыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны парламенты сæрдар (2004—2009).

Гасситы Знауыр
Тырыса
Хуссар Ирыстоны 2-æм парламенты сæрдар
2004 — 2009
Раздæр чи уыд Коцты Станислав
Фæстæдæр Коцты Станислав
Райгуырдис 1925-æм азы 17 мартъийы(1925-03-17)
Амардис 2016-æм азы 6 мартъийы(2016-03-06) (90 азы)
Парти
Ахуырад
Хорзæхтæ
Хæлардзинады орден орден «Кады Нысан»

Цардафыст

ивын

Гасситы Знауыр райгуырдис Цхинвалы, революционер Гасситы Никъалайы бинонты ’хсæн; йæ сывæллоны бонтæ арвыста Мæскуыйы, суанг ма скъолайы дæр уым ахуыр кæнын райдыдта. 1935-æм азы йæ бинонтæ раздæхтысты Цхинвалмæ. 2-æм астæуккаг скъола каст фæцис 1942-æм азы. Ахуыр кодта Хуссар Ирыстоны педагогон институты, райста дзы физикæ æмæ математикæйы ахуыргæнæджы дæсныйад. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг, 1942-æм азæй 1944 азы онг службæ кодта æфсады[1].

1947-æм азæй куыста ахуыргæнæгæй. 1951-æм азæй цардис Калачы, куыста дзы ахуыргæнæгæй, стæй ахуыр кодта политехникон институты хæххон факультеты. Уый каст куы фæцис, уæд кусын райдыдта Къуайсайы.

1963-æм азæй — партион куысты.

Фæкуыста бирæ бæрнон бынæтты, 1991-æм азы куыста Хуссар Ирыстоны мелиорацийы управленийы сæргълæууæгæй. Уыцы аз æй равзæрстой партийы облæстон комитеты фыццаг секретарæй, уыимæ разамынд лæвæрдта облæсты Сæйраг Советæн. Уыдис уыцы советы фыццаг æмæ дыккаг æрсидты депутат[1].

2004-æм азæй 2009-æм азмæ уыдис Хуссар Ирыстоны парламенты сæргълæууæг.

Фиппаинæгтæ

ивын