Медойты Дмитри
Медойты Никъалайы фырт Дмитри (райгуырдис 1960-æм азы 15 майы Цхинвалы) у Хуссар Ирыстоны паддзахадон архайæг æмæ дипломат, Республикæ Хуссар Ирыстоны æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы Федерацийы.
Медойты Дмитри | |
---|---|
| |
2009-æм азы 12 январы — 2015-æм азы 2 мартъийы | |
Президент | Кокойты Эдуард Тыбылты Леонид |
Раздæр чи уыд | бынат фæзындис |
Фæстæдæр | Гасситы Знауыр (дипломат) |
1994 — 1996 | |
Президент | Цыбырты Людвиг |
Райгуырдис |
1960-æм азы 15 майы (64 азы) |
Ахуырад | |
Ахуырадон къæпхæн | политикон зонæдты кандидат[d] |
Професси | историк, дипломат |
Хорзæхтæ | |
Викикъæбицы медиа |
Цардафыст
ивын1982-æм азы каст фæцис Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты историон-филологион факультет.
1986–1989-æм азты уыдис Гуырдзыстоны ССР-ы Зонæдты академийы Истори, археологи æмæ этнографийы институты аспирант.
1985–1994-æм азты — Хуссар Ирыстоны Гуманитарон иртасæнты Зонадон-иртасæг институты зонадон кусæг.
1990–1994-æм азты — Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советы депутат.
1994–1996-æм азты — Республикæ Хуссар Ирыстоны æддагон бастдзинæдты мнистр.
2001-æм азы Медойы-фырт каст фæцис Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Дипломатион академи (дæсныйад — «æхсæнадæмон ахастдзинæдтæ»).
2003-æм азы бахъахъхъæдта политологийы кандидатон диссертаци ахæм темæйæ: «Уæрæсейы политикæ Фæскавказы: проблемæтæ æмæ перспективæтæ».
2002–2005-æм азты — Республикæ Хуссар Ирыстоны президенты бæрнлæг (уырыс. представитель) Уæрæсейы Федерацийы.
2005-æм азæй уыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны бæрнлæг (уырыс. представитель) Уæрæсейы Федерацийы.
2009-æм азы 12 январæй у Республикæ Хуссар Ирыстоны æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы Федерацийы.
Медойы-фырт зоны ирон, уырыссаг, персайнаг æмæ гуырдзиаг æвзæгтæ.