Гахатæ[1] (уырыс. Гахаевы, Гаховы) сты ирон мыггаг.

Равзæрд

ивын

Гахатæ Чъерджиатæй сты. Кæддæр, Чъерджиатæй иу, усгуры кары лæппу Гаха нæ ныббыхста кæйдæр æфхæрд, амардта йæ, фæтуджджын æмæ йæхи айста хуссары 'рдæм. Ныфтыд Урстуалтæм æмæ уым цæргæйæ баззад. Уымы цæрæг адæмæн йæхи бауарзын кодта æмæ баци Саулохты сиахс. Рантыст сын дыууæ фырты Гиса æмæ Гина. Æмæ сæ адæм хонын райдыдтой Гахатæй. Лæппутæ сдынджыр сты æмæ устытæ æрхастой. Иуæн дзы райгуырд фырт Тедо. Уымæн та — фырт Батырбег æмæ чызг Госка.

Батырбег йæ усгуры кары куы бацыд, уæд баци Тыбылаты сиахс, æмæ сын рантыст дыууæ лæппуйы Павлик æмæ Æхсар. Сæ мыггаг та сси Гахатæй.

Зындгонд адæм

ивын
Гахаты Æхсар, Батырбеджы фырт (1940–2020) — газет "Рæстдзинад"-ы æхсæнадон уацхæссæг.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005

Литературæ

ивын