Дамбегтæ (уырыс. Дамбеговы) сты ирон мыггаг.

Равзæрд ивын

Таурæгъмæ гæсгæ, Дамбегтæн сæ фыццаг фыдæл Дамбег уыд Уæлладжыры комы, Цъæйыхъæуккаг Дзалатæй. Дзалайы-фыртæн йæ ном абон ничиуал хъуыды кæны. Дзалатæн сæхи мыггаг та равзæрд Хетæджы фырт Джиуæрджийы фырты фырт Дзалайæ. Хетæг та, дам, раздæр цардис Хъобаны Зеленчукы. Уым цæргæйæ, дам, Хетæг дзырдта дыгурон æвзагыл. Йе ’фсымæртæй куы ралыгъд Туалгоммæ, уæд æрцардис Гуыркъуымты комы. Уым Хетæгæн райгуырд иунæг лæппу — Джеуæрджи (Геуæрги), уымæн дæр фæзынд цæуæт. Хетæджы цæуæт сбирæ сты, цæрæнбынат сын нал фаг кодта. Сæ мыггагæй бирæтæ алыгъд Лабинскмæ. Хетæджы фырт Джиуæрджийæн йæ цæуæтæй сæ иу уыд Дзидаханы фырт Дзала. Дзала куы слæг, уæд ракуырдта Плиты чызджы, æмæ йын фæзынд цæуæт. Йæ бинонтæ сбирæ сты æмæ сæ цæрæн бынат раивтой Уæлладжыры коммæ, Цъæйы хъæумæ. Дзалайæн Цъæйы дыууæ усæй уыд зæнæг. Фыццаг усы зæнæг, йæ фырттæ Сырхау (Сурхау) æмæ Диамбег (Дамбег) сæ нæмттæй мыггæгтæ скодтой: Сырхау — Сырхаутæ, Диамбег — Дамбегтæ. Дзалайæн йе ’ннæ фырт Налухъ Уæлладжыры комы кæйдæр амардта æмæ уымæ гæсгæ уырдыгæй ралыгъд Дыгурмæ, æрцард Доныфарсыхъæуы.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 62 ф.