Джульфа (перс. جلفا) у сахар Ираны цæгат-ныгуылæны, провинци Скæсæн Азербайджаны, Нахичеваны Автономон Республикæйы арæныл. Джульфа у йе ’мном шахрестаны административон центр. Цæры дзы 56 мин адæймаджы (2006).

Сахар
Джульфа
перс. جلفا
38°56′07″ с. ш. 45°38′35″ в. д.HGЯO
Паддзахад Иран Иран
Остан Скæсæн Азербайджан
Истори æмæ географи
Фæзуат
  • 35 км²
Сахатон таг UTC+3:30
Цæрджытæ
Цæрджытæ
jolfacity.ir
Джульфа (Иран) (Иран)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Джульфа у Фæскавказы ахсджиаг базарадон æлхынцъ. Æрбынат кодта цæугæдон Араксы рахиз былгæрон æмæ, æфсæнвæндаг кæуыл цæуы, уыцы хиды фæрцы баст у, фаллаг фарс цы йе ’мном азербайджайнаг сахар ис, уыимæ. Афтæмæй Ираны æфсæнвæндæгтæ баст сты къалиу Нахичевань—Горадизимæ, æмæ уый фæрцы бæстæйæн ис æфсæнвæндаджы бастдзинад канд Азербайджанимæ нæ, фæлæ Сомихыстонимæ дæр.

Советон заман ССР Цæдис, Скæсæн Европæ æмæ Скандинавиимæ Иранæн цы уæргътæ зилдух кодтой, уыдон иууылдæр цыдысты Джульфайыл.


  1. جمعیت به تفکیک تقسیمات کشوری (перс.)