Ираны административон дих

Иран административон æгъдауæй дихгонд цæуы провинцитыл — остантыл (перс. استان [ostān], бирæон нымæцы استان‌ها [ostānhā]). Алы провинцийы сæргъы ис инæлар-губернатор (остандар, перс. استاندار). Монархийы заман остандарты сæ бынатмæ нысан кодта сах, ныртæккæ та уыдон нысангонд æрцæуынц Мидхъуыддæгты министрады, стæй сæ сфидар кæны Исламон республикæйы президент.

1950-æм азы агъоммæ бæстæ дихгонд уыди 12 останыл. 1950–60-æм азы уыди 10 останы. 1970-æм азты æмбисмæ сæ нымæц схызти 23-мæ.

1986-æм азы Центрон остан дихгонд æрцыд Тæхран æмæ Меркезийыл.

1993–97-æм азты сарæзтæуыд остантæ Ардебиль, Кум, Казвин æмæ Голестан.

2004-æм азы тæккæ стырдæр остан Хорасан фæдих чынди æртæ останыл[1]. Йæ территорийы чысыл хай та бацыди остан Йезды скондмæ.

Ныры рæстæг каст цæуынц, Ираны административон дихмæ ивддзинæдтæ чи бахæсдзæн, ахæм проекттæ. Уыдонмæ гæсгæ арæзт хъуамæ æрцæуой ног остантæ: Талыш (Гилян æмæ Ардебилæй), Альборз (Тæхранæй), Тебес (Йездæй), Астæуккаг Азербайджан (Ныгуылæн æмæ Скæсæн Азербайджанæй), Эрдестан (Исфаханæй); уымæй уæлдай ма цалдæр останы хъуамæдихгонд æрцæуой ног остантыл: остан Систан æмæ Белуджистаны бæсты хъуамæ уа дыууæ останы: Систан æмæ Белуджистаныл, Фарсы бæсты — Ныгуылæн æмæ Скæсæн Фарс. Стæй ма проектты ис Тæхранæй саразын сæйраг сахары зылд.

Остантæ сты административон-территориалон дихы уæлдæр æмвæзады иуæгтæ. Уыдонæй дæлдæр æмвæзадыл сты шахрестантæ (æдæппæтæй 324 шахрестаны). Шахрестантæ та дихгонд цæуынц районтыл (бахш) — æдæппæтæй 740 бахшы.

Фиппаинæгтæ

ивын