Дретæ[1] (уырыс. Дреевы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд ивын

Дреты мыггаджы фыд уыд Сатайы фырт Дре. Цард Лезгоры, куы слæг, уæд йе 'фсымæртæй байуæрста, бинонтæ æркодта æмæ йæ цæуæты мыггаг йæхи номæй рацыд — Дретæ. Бирæтæ сæ ралыгъдис быдырмæ — Хæзнидонмæ. Дрейы фырт Хъойбай Лезгоры фæтуджджын æмæ алыгъд Уæлладжыры коммæ, Зджыдмæ. Цалдæр азы фæстæ раздæхт Дыгуры коммæ æмæ Мæстиночъыхъæуы æрцард æмæ дзы уым Хъойбайты мыггаг равзæрд.[2]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005 — 359 ф.
  2. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.