Зæгъойты Алан
Зæгъойты Елызбары фырт Алан (уырыс. Алан Елизбарович Дзагоев) (райгуырдис Беслæны, 1990-æм азы 17 июны) у Уæрæсейы футболист. Ирыстоны футболон скъолайы хъомылгæнинаг, «ЦСКА»-йы æмæ Уæрæсейы иугонд футболон командæйы æрдæгхъахъхъæнæг.
| ||||||||||||||||||||||||||||||||||
Иумæйаг информаци | ||||||||||||||||||||||||||||||||||
Æнæхъæн ном | Зæгъойты Елызбары фырт Алан | |||||||||||||||||||||||||||||||||
Райгуырдис |
1990-æм азы 17 июны[1] (34 азы) |
|||||||||||||||||||||||||||||||||
Æмбæстонад | ||||||||||||||||||||||||||||||||||
Ас | 179[2] см | |||||||||||||||||||||||||||||||||
Уæз | 75[2] кг | |||||||||||||||||||||||||||||||||
Позици | æрдæгхъахъхъæнæг | |||||||||||||||||||||||||||||||||
Клубы тыххæй информаци | ||||||||||||||||||||||||||||||||||
Клуб | ЦСКА (Мæскуы) | |||||||||||||||||||||||||||||||||
Номыр | 10 | |||||||||||||||||||||||||||||||||
|
||||||||||||||||||||||||||||||||||
Викикъæбицы медиа |
Карьерæ
ивынЙæ фыццаг тренер — Наниты Юрий[4].
2002 аз. Ахуыр райдыдта футболистты цæттæгæнæн Тольяттийы центр "Юри Коноплёвы номыл футболы академи"-йы.
2006 аз. Зæгъойты Аланы футболон карьерæ райдыдта командæ "Крылья Советов-СОК"-æн хъазынæй (Димитровград, Ульяновскы облæст). Ацы клубæн уый ахъазыд 37 хатты. Бакъуырдта æхсæз пурти.
2007 аз. Рахызт клуб ЦСКА-мæ. Уым йæ фыццаг хъазт кодта иу афæдзы фæстæ донецкаг "Шахтеры" ныхмæ "Фыццаг каналы хъалацы" фæлгæтты.
Зæгъойты Аланы айстой Уæрæсейы националон балмæ, 2012-æм азы Европæйы чемпионаты хъазынмæ. Уым, Чехийы командæимæ фембæлды, Алан бакодта дыууæ голы, æмæ ссис уыцы хъазты хуыздæр хъазæг, æртыккаг та бакъуырдта 12 июны Польшæйы командæйæн.
2013, 2014 азтæ. Уæрæсейы чемпион ЦСКА-йы сконды.
2014 аз. Хайад райста Дунейы чемпионаты финалон турниры Бразилийы.
Æнтыстдзинæдтæ
ивын- Уæрæсейы чемпион (2013/2014, «ЦСКА»)
- Уæрæсейы чемпионаты æвзист призёр (2008, 2010 «ЦСКА»)
- Уæрæсейы чемпионаты бронзæйы призёр (2011/2012, «ЦСКА»)
- Уæрæсейы хъалацы хицау (2007/2008, «ЦСКА»)
- Уæрæсейы суперхъалацы хицау (2009, «ЦСКА»)
- Уæрæсейы 33 хуыздæр хъазджытæй иу №3, (2008); №2 (2009); №2(2012).
- Ирыстоны хуыздæр спортсмен (2009)
Хæрзиуджытæ
ивынЗæгъойты Алан хорзæхгонд æрцыд «Ирыстоны Намысæн» майданæй. Республикæйы разамонæг Мамсыраты Таймураз æй уыцы хæрзиуæджы аккаг скодта, Европæйы Чемпионаты йæхи иттæг хорз кæй равдыста, уый тыххæй.
Æддаг æрмæг
ивынФиппаинæгтæ
ивын- ↑ Alan Dzagoev // Transfermarkt (цалд.) — 2000.
- ↑ 2,0 2,1 Алан Дзагоев. . pfc-cska.com. Датæ: 2018-æм азы 4 июны.
- ↑ Количество матчей в сборной приведено без учёта товарищеской игры Россия — Литва (0:0) включительно, сыгранной 29 мая 2012 и не включенной в реестр официальных матчей ФИФА
- ↑ http://www.sportsdaily.ru/articles/poluzaschitnik-tsska-alan-dzagoev-c-abnado-prislushivatsya-k-starshim-c-bb-21308